“Мæ сусæгдзинад — бынтон хуымæтæг: уынгæ æрмæстдæр зæрдæ кæны”, — ацы ныхæстæ Экзюперийы “Чысыл æлдарæй” сты æмæ, Хъотайты Дианæмæ кæсгæйæ, адæймаг сæ рæстдзинадыл æууæнды. Дунейыл цæст ахæссын йын æрмæст афæдзы ‘рæджы онг бантыст. Йæ патологи йын, хъыгагæн, районы поликлиникæйы педиатртæ рæстæгыл нæ раиртæстой. Æмæ, уырзæй сгаргæйæ, царды фæндагыл æрлæууыд фидар удыхъæды хицау чызг. Каст фæци музыкалон скъола, абон у дæсны, курдиатджын зарæггæнæг. Радон мадзалмæ йæхи куыд цæттæ кæны, уый ме ‘мкусджытæн радзырдта.
Ирон зарæг уæлдай æхсызгон æнкъарæнтæ ‘взæрын кæны чызджы зæрдæйы. Нотæтæн та сæ бæрзонддæтæ дæр сисы. Зын раздæр уыд. Дианæ йæ райгуырды бонæй дуне æндæрхуызон æнкъары. Æмæ кæд нотæты стан фенын йæ бон нæу, уæддæр, фехъусгæйæ, цыфæнды композици дæр ацахсы. Йæ фарсмæ — хæларзæрдæ зондамонджытæ. Мæ ныфс æмæ мæ курдиат уыдоны фæрцы базыдтон, — зæгъы æвзонг артисткæ.
Вокалмæ Дианæ цæуы 6 азæй фæстæмæ. Музыкалон скъоламæ йæ бакодта йæ нана. Курдиат æм ис, уый бæрæг уыди. Бон изæрмæ дæр радиомæ хъуыстаид, зарджытæ иу бахъуыды кодта æмæ сæ ног æмæ ногæй фæлтæрдта. Цасфæнды дæр зарыдаин, никуы стыхстæн, дзуры чызг. Азты цыдимæ уый нæ аивта. Ныртæккæ Дианæйыл 20 азы цæуы, фæлæ аивадыл йæ зæрдæ не сивта. Суанг ма йын йæхи репертуар дæр ис.
— О, зын уыди фыццаг. Зæгъæм, раст дзурыны ахастимæ. Фæкæсын æм хъуыдис. Æмæ цасдæр рæстæг æрмæст артикуляцийыл куыстон йемæ. Фæлæ нæ къухы бафтыд нæ нысан. Æрмæст уый фæстæ йын райдыдтон зарджытæ фыссын, сæрмагондæй йæхицæн. Куы иу ын загътон ног зарæг та йын ныффыстон, зæгъгæ, уæд иу ын базыртæ базад.
Дианæ æппынæдзух йæхиуыл кусы. Уый ты райрæзты сæйрагдæр у. Йæ къухы цы бафтыд, уыцы æнтыстытыл нæ лæууы. Ныр та фæндырæй цæгъдын ахуыр кæны. Инструмент ын балæвар кодта республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло.
— Уыцы инструментæй йын фæцæгъдын æмæ уый тыххæй уæлдай амондджын хоны йæхи. Сахатмæ мæ цалдæр хатты дæр афæрсы, мæ лæваргонд фæндыр у, зæгъгæ. Дзуапп ын куы раттын, уый у, зæгъгæ, уæд йæ цæсгомыл хуртæ æмæ мæйтæ хъазын райдайынц. Стыр бузныг зæгъм ацы лæвары тыххæй.
Ныртæккæ Дианæйæн æвдæлон рæстæг æппындæр нæй. Йæхи цæттæ кæны æппæтадæмон конкурсмæ. Ацæудзæн Австрийы æмæ æрбамбырд кæндзæн сæдæгай курдиатджын артистты. Чызджы тынг фæнды уыцы цымыдисаг музыкалон дунейы тæваг банкъарын.
















