Сæрдыгон рæстæг сарæх вæййынц, Интернеты тыгъдады цы сайттæ ис, уыдоны руаджы æфсæнвæндагон æмæ авиабилеттæ балхæныны хъуыддагимæ баст фæлывд митæ.
Рæдаузæрдæ адæм арæх æрцæуынц сайд. Фыдбылызгæнджытæ сæхиуыл баууæндыд кæнынц цæрджыты. Зæрдæ сын бавæрынц æнæзæрдæхудт æргътæй. Уымæ гæсгæ нæ республикæйы мидхъуыддæгты министрады минæвæрттæ сидынц цæрджытæм, цæмæй билеттæ æлхæнгæйæ, картæтæй æхцайы фæрæзтæ электрон чыссæтæм кæнæ та фæсарæйнаг банктæм æрвитгæйæ, уой къæрхъусдæр.
Æнæмæнг хъæуы авиакуыстуатмæ бадзурын æмæ сбæлвырд кæнын, цы рæстæг балц кæнут уый, æмæ ма билеттæ самал кæнæн ис æви нæй, уый дæр. Æппæт уыцы домæнтæ хынцгæйæ, уæ улæфты рæстæг æнæмæтæй арвитдзыстут.
















