3-æм æмæ 4-æм майы Минералон дæтты горӕты ацæудзæн фыццаг Кавказаг инвестицион равдыст. Бацархайдзæн дзы Цæгат Ирыстон дæр. Йæхи куыд цæттæ кæны республикæ, ууыл дзырдтой хицауады хæдзары. Æмбырд амыдта премьер Дзанайты Барис.
Экономикон рæзты министры ныхæстæм гæсгæ, нæ регионы стенды дизайн-проект у цæттæ. Æвдыст дзы цæудзысты, Цæгат Ирыстоны цы фондз егъау проекты аразынц, уыдон. Се ‘хсæн Мамысоны курорт, «Агропромышленнон комплексы» кластер, транспортон-логистикон комплекс æмæ валер кæсаджы хæдзарад. Йæ продукци чи равæрдзæн стендтыл, уыцы куыстуæттимæ дæр рагацау баныхас кæндзысты, фæнысан кодта министр Кучиты Зауыр.
Форумы ныхас кодтой банчы сектор, цæрæнуæтты-коммуналон къабаз æмæ энергетикæйы фарстатыл дæр. Мадзал аразæг сты фонд «Росконгресс» æмæ «Кавказ.РФ», Уæрæсейы экономикон рæзты министрады æххуысæй.
















