Тæбæхсæуты Балойы номыл паддзахадон академион театр йæ аивадуарзджытæн цæттæ кæны алыхуызон премьерæтæ. Кусынц «Король Лир»-ыл, фæлæ уый размæ та театрдзауты зæрдæтæ барухс кæндзысты Михаил Лермонтовы поэмæмæ гæсгæ æвæрд спектакль «Демон»-æй. Ныртæккæ цæуынц кæронбæттæн репетицитæ.
Фæстаг прогонтæ вæййынц æппæты ахсджиагдæр. Бакусын хъæуы алы къахдзæф, алы фæзылд æмæ интонацийыл. Актёртæ зæрдæргъæвдæй кусынц режиссёры амынддзинæдтыл æмæ йæ сфæлдыстадон хъуыдыйыл. Сценикон фæлгонц аразгæйæ цæсты ахады сæ курдиаты цæхæр. Сурæт ахъазынæй уæлдай артисттæн вазыгджын у хъайтары миддуне раргом кæнын. Тагъд рæстæджы Цæгат Ирыстоны академион театр аивадуарзджыты размæ рахæсдзæн спектакль «Демон».
Хъуыстгонд литературон сюжетимæ зонгæ кæнынц пластикæ, эмоцитæ, æмæ музыкæйы фæрцы. Лермонтовы зынраиртасæн поэмæйы бындурыл ис таурæгъ, æрхæндæг иблис къниазы чызджы куыд бауарзта, уый тыххӕй. Ам ис æнкъарæнтæ, хъуырдухæнтæ, адæймаджы удыл тох, æнусон фарстатæ – цы у уарзондзинад æмæ æнувыддзинад. Тамарæйы роль хъазы Æгкацаты Аминæ.
Спектаклы режиссёр – Роман Габриа. Ныры дуджы хъæндзинæдтæ уæндонæй раргом кæнын, уыимæ Демон æмæ Тамарæйы трагеди равдисын. Ахæм хæс йæ размæ сæвæрдта ирон театр æмæ Санкт-Петербургæй хуынд режиссёр. Роман Габриа амындмæ гæсгæ архайд рахастой абоны бонтæм. Поэмæйы романтикон миниуджытæ фæсивæдæн дæр уыдзысты æнцонæмбарæн.
Театрдзаутæ фендзысты цымыдисаг фæзилæнтæ, алæмæты рæсугъд декорацитæ æмæ музыкæ. Ирон театры æнæмæнг домæн – цæмæй дзы уой националон ахорæнтæ. Хъодыгонд зæды роль йæхимæ райста Косты Ацæмæз. Радзырдта нын, сурæт куыд банкъардта, уый.
Премьерæмӕ æрбацæуæн уыдзæн 28, 29-æм октябры, уыимæ 19 ноябры. Аивадуарзджытæм æнхъæлмæ кæсы æнкъард, фæлæ рæсугъд истори.
















