Дзæуджыхъæуы райдыдта Фæсивæды ахуырадон форум. 3 боны æмæ 10 здæхты. Се ‘хсæн амалхъомад, спорт культурæ. Сæйраг нысан — алы къабæзты минæвæртты иу фæзуатыл æрæмбырд кæнын. Бакусдзысты райхалинаг фарстатыл, кæрæдзийæн фæхай кæндзысты фæлтæрддзинад æмæ зонындзинæдтæ. Ахæм форум республикæйы цæуы фыццаг хатт. Архайынц дзы 400 адæймагæй фылдæр алы регионтæй.
Курдиат раргом кæнын æмæ алы къабæзты раззагдæр специалисттимæ æрныхас кæнын. Фыццаг къахдзæфтæ чи кæны, уыцы специалисттæн мадзал дæтты егъау гæнæнтæ. Уæрæсейæ алы регионтæй цыппар сæдæ архайæджы. Ахæм æмвæзадыл ахуырадон форум республикæйы арæзт æрцыд фыццаг хатт.
Иу ахуырадон фæзыл 10 ахсджиаг здæхты. Се ‘хсæн амалхъомад, социалон проекттæ, дзыллон информацион æмæ медиа къабæзтæ, культурæ æмæ бирæ æндæр къабæзтæ. Фыццаг бон лекциты хуызы специалисттæ æргом кæнынц алы сусæгдзинæдтæ, дзуаппытæ дæттынц фæрстытæн.
Райсом студенттæм æнхъæлмæ кæсы æмбырдтæ, дæсныйадæвдисæн ахуыртæ æмæ экскурситæ. Алкæмæн дæр сæ йæ бон уыдзæн цымыдисаг къабæзты ногдзинæдтæ базонын. Форум ахъаз у суинаг дæсныйад равзарынæн.
Мадзал цæудзæн 3 боны. Кæронбæттæны хуыздæр архайджыты схорзæхджын кæндзысты зæрдылдарæн лæвæрттæй. Форум бацæттæ кодта Дзæуджыхъæуы администрацийы фæсивæдон политикæ, физкультурæ æмæ спорты комитет.
















