preloader
сейчас в эфире
22:31
КОДЫ КУРЧАТОВА 12+
Смотрите Далее
23:25
ВЫЖИВШИЙ В ОСВЕНЦИМЕ 12+
ТВ ПРОГРАММА
КОДЫ КУРЧАТОВА 12+
close

Ирон театры ацыд «Челе»-йы премьерæ

27.03.2023 19:32

Адæмон артистæн зонгæ сты æппæт лыстæгдзинæдтæ дæр. Челеимæ сывæллæттæ базонгæ вæййынц райдиан кълæсты. Радзырды æвдыст цæуы адæймаг хиуарзон æмæ чъынды куы вæййы, уæд йæ цард куыд ницæйаг рауайы, уый. Нæ бавзары нæ уарзондзинад, нæ хæлардзинад.

Ирон театры та ацыд радон премьерæ. Театрдзауты сбуц кодтой Илас Æрнигоны радзырдмæ гæсгæ æвæрд спектакль «Челе»-йæ. Премьерæ сбастой театры æппæтдунеон бонимæ. Æвдыст дзы цæуы чъынды æмæ зыд адæймаджы цардвæндаг.


Илас Æрнигоны радзырдмæ гæсгæ æвæрд спектакль «Челе»-имæ базонгæ сты театрдзаутæ. Дзурæг у адæймаджы цардвæндагыл. Нæлгоймаг йæхи фæллойæ скодта бирæ исбон, фæлæ мæгуыр у адæймаджы ху ыздæр миниуджытæй. Нæ зоны цы у рæдаудзинад. Бинонты хистæр тыхсын кæны йæ кæстæрты. Æппынæдзух сæ  кусын кæны. Сæ бон куы нæ вæййы, уæддæр.

Спектакль «Челе»-йы премьерæ сбастой Театры æппæтадæмон бонимæ. Аивадуарзджыты зæрдæмæ тынг фæцыд. Залы адæмæй къух бакæнæн нæ уыд. Йæ хъуыды, цаутæ æмæ ныхмæлæуддзинад, хъæлдзæг нывтæ. Æнæмæнг, алы театрдзау дæр спекталы фæстæ йæхицæн исты хатдзæг скодта. Æмæ уый къухы бафтыд актерты стыр курдиаты руаджы. Уыдон сæхи цæттæ кодтой къорд рæстæг. Спектакль цæуы дыууæ сахаты. Классикон уацмысы мидис ма фесафын æмæ йæм ногдзинæдтæ бахæссын æнцон хъуыддаг нæу. Спектаклы режиссер Битарты Алыксандр бæстон куыст бакодта, цæмæй цыбыр истори сценæйæн сбæзза.

Адæмон артистæн зонгæ сты æппæт лыстæгдзинæдтæ дæр. Челеимæ сывæллæттæ базонгæ вæййынц райдиан кълæсты. Радзырды æвдыст цæуы адæймаг хиуарзон æмæ чъынды куы вæййы, уæд йæ цард куыд ницæйаг рауайы, уый. Нæ бавзары нæ уарзондзинад, нæ хæлардзинад.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Алан Караев I По большому счету
4.09.2026
Здравствуй, школа! I Доброе утро, Осетия!
4.09.2026
Беслан сейчас. 2026
3.09.2026
Беслан сейчас. 3 сентября
3.09.2026
Беслæн 22 азы фæстæ I Йæ рæстæгыл
1.09.2026
Беслан сейчас. 2026
1.09.2026
Цохъты Беллæ I Фæрдгуытæ
31.08.2026
Прозрачная платежная система, инклюзивное образование и «Движение первых» I Самое время
31.08.2026
День ветеринара и День блогера I Доброе утро, Осетия!
31.08.2026
Сихъоты Тамир ӕмӕ Хынцӕгты Маринӕ I Куыд зӕгъай, афтӕ!
30.08.2026
В итоге. 30 августа
30.08.2026
Хугаевы I Семья
30.08.2026
30.08.2026 I Вместе за безопасность
30.08.2026
Храп I Медикум
30.08.2026
Лидия Цахилова I Нараспашку
29.08.2026
Все рекомендуемое