Национ наукон чиныгдоны адæмы рæгъмæ рахастой чиныг «Родина у нас одна». Фыст дзы ис Казан æмæ Татарстаны алчыр Феофаны цард æмæ куысты тыххæй. Йæ автор у – Валерий Береснев. Уый чиныджы бæстонæй радзырдта алчыр Феофан цы курдиатты хицау уыд, алыхуызон адæмы хæттытимæ иу кæрæдзийы куыд хорз бамбæрстой, цæуыл бакуыста æмæ цæуыл æууæндыд, уый тыххæй. Уымæй уæлдай ма чиныджы ныхас цæуы чырыстон дины аргъуаны райрæзтмæ цы æвæрæн бахаста, ууыл дæр.
Кадджын мадзалы архайдтой дины æмæ культурæйы кусджытæ. Бабæрæг æй кодта республикæйы хицауады сæрдар Дзанайты Барис дæр. Йæ раныхасы куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй алчыр Феофан стыр бынат ахсы нæ республикæйы æмæ бæстæйы æхсæнадон царды.