Габыцаты бинонты хистæр тыхст рынчын у. Хабар æгас хъæуыл айхъуыст. бабæрæг кæнынмæ йæм батагъд кодта йæ хорз хæлар, иумæй кæимæ схъомыл сты, уыцы сыхаг Бечыр. Лæг ын радзырдта: “Æрбацыд мæм удхæссæг æмæ загъта, 12-æй – 6 -мæ мæ уатмæ чи æрбахиза, уый мæ бæсты амæлдзæн, æз та ма дæс азы цæрдзынæн”, зæгъгæ. Сатирикон комедийы режиссер Дзудцаты Тамерлан равдыста, абоны дуджы адæмы ‘хсæн цы ахæстдзинæдтæ ис, уыдон. Æргом дзурын цæуыл нæ уарзынц, уыцы миниуджытæ.
Сценæйыл куыд æрыгон, афтæ адæмон артисттæ – Гуыбиаты Хъазыбег, Къуымæллæгкаты Владимир, Сугъаты Хъазыбег, Цæгат Ирыстоны Адæмон артисткæ Черчесты Дианæ спектаклы хъазы фелсыры роль.
Айларты Асæхмæты пьесæтæ театры уарзон сты. Театрдзаутæ йын йæ уацмыстæ зонынц æмæ сын стыр аргъ кæнынц – “Рæстæгмæ ус”, “Фембæлд”, “Кæдæм тæхæм” æмæ æндæр цымыдисаг равдыстытæ. Автор дзы раргом кæны адæмы ‘хсæн ахастдзинæдтæ, æнкъарæнтæ, фæтк. Премьерæйы ирд сурæттæй иу сарæзта йæхæдæг, цаутæ та сты цардæй ист.
Театрдзаутæ равдыстæй разыйæ баззадысты. Æппæт цаутæ дæр сæ зæрдæтæм хæстæг айстой. Хъайтартæй чи йæ сыхаджы, чи йæ хионы, чи та йæ зонгæйы базыдта. Сценæйыл нывтæ иууылдæр раст цыма знон æрвылбоны царды, уыдысты, афтæ. Адæм, æнæмæнг, райстой æхсызгон æнкъарæнтæ. Санаты Джульеттæ театры хорз хæлар у. Иунæг спектакль дæр нæ цух кæны, ныр дæр æрбацыд премьерæмæ.
Алы пьесæ дæр куыд айдæн æргом кæны адæмы миддуне. Сфæлдыстады фæрцы æвдыст æрцæуынц царды æууæлттæ. Адæм сæм ног цæстæй ракæсынц. Комеди “Хамасхортæ” иу æмæ дыууæ хатты нæ равдисдзысты сценæйыл, уыдзæн дæнцæг, адæймаджы хуыздæр миниуджытæн, хорз æвзæрæй хицæн кæнынæн.
















