Æртæ сыгъзæрин æмæ æртæ бронзæ майданы рамбылдтой ирыстойнаг тхэквондисттæ Белоруссийы Кубокы ерысты. Тох дзы кодтой Олимпаг уæзты. Цакъоты Сæрмæт, Челохсаты Анисия æмæ Томайты Иринæ сæ ныхмæлæуджытыл фæуæлахиз сты. Æртæ боны дæргъы æвдыстой сæ тых, уды фидардзинад æмæ фæразондзинады миниуджытæ.
Турниры архайдтой Уæрæсе, Молдави, Казахстан, Иран æмæ æндæр бæстæты минæвæрттæ. Тох кодтой егъаудæр ерысмæ бахауыныл. Дунейы чемпионат ацæудзæн Австрийы, ноябры кæрон. Ирыстойнаг тхэквондисттæн дæр дзы бацархайдзысты. Ныр сæхи цæттæ кæнын райдайдзысты дунеон æмвæзадмæ. Фидæны сæ фæнды Олимпиадæйы рамбулын дæр.
















