Тæмисчъы санаторийы цæры 77 адæймаджы Донбассæй. 58 дзы сты сывæллæттæ. «Иугонд Уæрæсейы æрыгон гварди», «Уæлахизы бархионтимæ» сабитæн бацæттæ кодтой æцæг бæрæгбон. Конкурстæ æмæ ирхæфсæн мадзæлттæй уæлдай сæ барæвдыдтой лæвæрттæй, адджинæгтæй æмæ скъоламæ хъæугæ дзауматæй. Бæлвырддæр нæ дарддæры æрмæджы.
Хъазæнтæ, чингуытæ, канцтовартæ. Сæйрагдæр та – хъæрмуд ахастдзинад. Ахуырæн æппæт хъæугæ дзауматæм иннӕтӕй тынгдæр æнхъæлмæ кастысты чысыл Дарья Жовба æмæ Эмилия Чащевая. Сты фыццагкъласонтæ. Чызджыты фæнды фæппæты аивдæр кусæгæрзтæй пайда кæнын.
Сывæллæттæн сарæзтой æцæг бæрæгбон. Аниматортæ сæ ирхæфстой конкурстæ æмæ алыхуызон хъæзтытæй. Хорз зæрдæйы уагæн ма æндæр цы хъæуы. Тæмисчъы санаторийы разамынд сабиты удæнцойæн аразы æппæт мадзæлттæ дæр.
Социалон æххуыс æмбырд кодтой парти «Иугонд Уæрæсе»-йы уæнгтæ æмæ хæрзгæнджыты ӕххуысӕй. Мадзал ахаста мæй. Депутаттæ ма балæвар кодтой гæрзтæхсæн машинæ.
Парти «Иугонд Уæрæсе» æмæ Цæгат Ирыстоны хицауады хъæппæрисæй ма Донбассмæ арвыстой гуманитарон æххуысы цалдæр фурæйы. Сæмбырд дзы кодтой нуазыны дон, хойрæгтæ æмæ арæзтадон æрмæджытæ.
















