Йæ цардæй ахицæн Алексей Востриков. Уæрæсейы гæрзифтонг тыхты булкъон къæманды кодта гуырдзиаг-ирон быцæуы 1990-æй 1992-æм азтæм Цхинвалы вертолетон полкæн. Уæрæсейаг хæдтæхджытæ ластой цæфтӕ æмæ лыгъд адӕмы, хъулагонд горæтмæ хæццæ кодтой ахсджиаг дзауматæ. Алексей Востриков Хуссар Ирыстонæн уыд, йе ‘сгуыхтдзинад ныридæгæн дæр кæмæн нæ рох кæнынц, уыцы хъайтартæй иу. Зындгонд хъахъхъæнæг 71 аздзыдæй йæ цардæй ахицæн Краснодары. Булкъоны бинонтæн тæфæрфæс ракодта Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг.
Сергей Меняйло фæнысан кодта, фæзиан нæ Фыдыбæстæйы аккагдæр хистæртæй иу. Æцæг патриот, иузæрдион æмæ, кæддæриддæр хъæбатырæй йæ æфсæддон хæс чи æххæст кодта, ахæм адæймаг. Уыдис, æппæты ахсджиагдæр æмæ зындæр хæстæ æнтыстджынæй чи æххæст кодта, ахæм æцæг профессионал. Гуырдзиаг тыхгæнджытæй Цхинвалы цæрджыты чи хъахъхъæдта, уыимæ Хуссар Ирыстоны зæххыл сабырдзинадмæ æгæрон бавæрæн чи бахаста, уыцы хъайтары ном рохуаты никуы баззайдзæн. Алексей Востриков нымад уыд Цхинвалы кадджын цæрæгыл, хорзæхгонд æрцыд 14 майданæй, Хуссар Ирыстоны хæлардзинады орденæй æмæ орден «За заслуги»-йæ.
















