Йæ цардæй ахицæн Уæрæсейы кинематографты цæдисы уæнг Михаил Немысский. Цыдис ыл 77 азы. Иу æнусы ‘рдæгæй фылдæр снывонд кодта Цæгатирыстойнаг телеуынынадæн. Йæ куысты фыццаг къахдзæфтæ райдыдта кинооператорæй. Фæлæ йæ дæсныйадмæ уарзондзинад æмæ курдиаты руаджы сси оператор-æвæрджыты раззагдæртӕй иу.
Михаил Немысский бакуыста ирон кинематографты ирддӕр коллекцимӕ хаст чи сты, уыцы нывтыл: «По следам карабаира», «Кольцо старого шейха», «Снег в сентябре». Систа 12 егъау æххæст аивадон æмæ 200-йæ фылдæр документалон кинонывы.
Михаил Неммыский хорзæхгонд æрцыд «Цæгат Ирыстоны аивæдты сгуыхт архайæг» æмæ «Республикæ Дагестаны сгуыхт архайæг»-ы нæмттæй. Саккаг ын кодтой «Ирыстоны намысы» майдан. Сси Хетæгкаты Къоста æмæ республикæ Дагестаны паддзахадон премиты лауреат.
















