Алыхуызон ирд дидинджытæ, халсартæ æмæ дыргътæ. Кадиты Зæлинæйы зæххы хайыл рæзынц 30 хуызы дидинджытæ, черри пъамидортæ, руккола, базилик. Æрвылбон сæм сылгоймаг удуæлдайæ зилы. Ныр зæххы куыст кæны 6 азæй фылдæр. Æмæ æнæ цæхæрадонæй йæ цард абон нал уыны.
Кадиты Зæлинæйы цæхæрадоны ма зайы дидинджыты 30 хуызы, дыргътæ æмæ халсартæ. Сæ фылдæр хай сылгоймаг уæй фæкæны. Зæгъæм, черри помидортæ та ныууадзы йæхицæн. Зæлинæ куыд зæгъы, афтæмæй сæм хъæуы уæлдай зылд.
Сылгоймагмæ ис хъæрмуæттæ дæр. Зæххы куыст кæнын райдыдта 6 азы размæ. Уæд æм æрмæст 2 хъæрмуаты уыд. Ныр ын сты 5. Рæзы йæм базилик æмæ руккола дæр. Цæгат Ирыстоны дуканитæ æмæ базартæ дзы ифтонг кæны æрмæст Зæлинæ.
Руккола æмæ базилик уæй кæнын райдайынц уалдзæджы. Зымæджы та талатæ ауадзынц. Сæрды сын цæттæ кæнынц хъацæнтæ. Хус къалиутæ бассæндынц сæрмагонд кусæнгарзы руаджы. Цы буаргъæд дзы рауайы, уый хонынц мульча. Йæ руаджы зæхх хус нæ кæны. Цалдæр азы размæ æвзæр боныхъæды аххосæй Зæлинæйы цæхæрадон хъыгдæрд баййæфта. Бирæ рæстæг бахъуыд йе сног кæнынæн. Сылгоймаг куыд зæгъы, афтæмæй зæххмæ хъæуы æрвылбон зилын.
Мæ рæстæг æххæстæй бахардз кæнын зæххимæ куыстыл. Бæргæ, суткæйы 25 сахаты куы уаид, уый мæ тынг фæнды.
Йæ фæллойы хатдзæгтæ рæсугъд дидинджытæ æмæ хæрзад халсартæ æмæ дыргъты хуызы куы фены Зæлинæ, уæд æй уымæй хуыздæр хæрзиуæг нæ хъæуы.
















