Цæгат Ирыстоны нæ бæстæйы президенты æвзæрстыты хатдзæгтæ растыл нымад кæм не ‘рцыдысты, иу ахæм участок дæр нæ разынд. цæгат Ирыстоны цæрджытæй Владимир Путиныл схъæлæс кодта 81 процент. Уый тыххæй фехъусын кодта нæ республикæйы центрон æвзарæн къамисы сæрдар Моргуаты Жаннæ кæронбæттæн æмбырды. Уымæй уæлдай ма бафиппайдта, æвзæрстытæ сабыр æмæ æнæ стыр уагхæлдтытæй кæй ахицæн сты, уый. Фæлæ бынтон æнæ къуылымпыйæ хабар нæ рауад. 8 æвзарæн хайады рабæрæг кодтой мæнг гæххæттытимæ æвзарæн къамисы уæнгтæ. Æнæзакъон гæххæттытæм гæсгæ уыдысты Павел Грудининæй æрвыст. Уымæй уæлдай ма сайт «Голос»-ы аразджытæ дæр бафиппайдтой Мæздæджы æмæ Дзæуджыхъæуы кæцыдæр хайæдты бюллетентæ æнæзакъонæй куыд ныппæрстой, уый. Ацы хъуыддæгтыл кусынц нæ республикæйы Мидхъуыддæгты министрады кусджытæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, нæ республикæйы парламентмæ æвзæрстыты рæстæг ивгъуыд аз æнæрастыл банымдтой дыууæ хайады хатдзæгтæ.
«Протокол бафыссыны размæ æркастыстæм сайт «Голос»-ы цы барадхæлдтытæ равæрдтой, уымæ. Уыцы дыууæ цауы равзарыны тыххæй мах курдиат арвыстам нæ республикæйы мидхъуыддæгты министрадмæ. Иннæ æртæ цауы дар равзæрстам, фæлæ уыдоны уагхæлдтытæ нæ разынд» – центрон æвзарæн къамисы сæрдар Моргуаты Жаннæ.
















