Кучиты Юрийы цырты алыварc рагӕй домы хъусдард. Плиткӕ ранӕй-рӕтты азгъæдыд, стæй дзы талынг вæййы изæр. Ныртӕккӕ объект у онлайн-æвзæрстыты раззагдӕртӕй иу “Горӕтаг хӕрзвадат тыгъдад аразыны” федералон проекты. Схъӕлӕс ыл кодтой 4700 адӕймаджы. Куы фӕуӕлахиз уа, уæд ам фӕзындзӕн ног къахвæндаг, рухс, даргъ бандӕттӕ ӕмӕ цъæх фæлыст. Æвзæрстытæ райдыдтой 21 апрелы. Платформӕ “Госуслуги”-йыл — 67 объекты. Се ‘хсӕн дидинæгдæттæ, парктӕ ӕмӕ донбылтӕ. Ӕппӕты фылдӕр хъӕлӕстӕ чи райса, уыцы 40 территорийы срӕвдз кӕндзысты иннӕ аз. Архайынц республикӕйы ӕппӕт районтӕ дӕр.
Цӕрджытӕ сӕхӕдӕг хӕрзвадат кӕнынӕн объекттӕ кӕм ӕвзарынц, уыцы формат йӕ тыхы ис 2019 азӕй. Уæдæй нырмæ республикӕйы срӕвдз кодтой 300 территорийы бӕрц. Хъӕлӕс кӕнын йӕ бон у кӕцыфӕнды гражданинӕн дӕр 14 азӕй райдайгӕйӕ. Программӕйы ахадындзинадӕн ис бирӕ дæнцæгтæ. Фароны хъӕлӕслӕвӕрды фӕлгӕты саив кодтой Уӕрӕсейы ӕппӕты хуссардӕр трамвайы ӕрлӕууӕн. Ныртӕккӕ аллейæн йæ иннæ хай дæр рады ис. Цӕрджыты разæнгарддзинад азӕй-азмӕ рӕзы. Хъӕлӕс кӕныны объекттӕ ӕмбырд кӕнынц сӕ курдиӕттӕм гӕсгӕ. Уӕлахиздзауты номхыгъдмӕ чи нӕ бахауа, уыдон дӕр ӕнӕ бафиппайгӕ нӕ фӕуыдзысты.
Æвзæрстытæ фӕуыдзысты 12 июны. Уӕд ныммыхуыр кӕндзысты хатдзæгтæ дӕр. Цӕгат Ирыстоны 2027 азы цавæр объекттæм базилдзысты, уый цæрджытæй аразгæ у.
















