Хурæфсæст сывæллæтты хъазæн фæзмæ кæсгæйæ Лаурæ рыстзæрдæйæ хъуыды кæны йæ уарзон фыртыл. Уымæн æнустæм баззад чысыл, хæларзæрдæ æмæ рæстдзинадыл хæст сывæллонæй. Искæй рисы рæзты йæ бон ацæуын кæмæн нæ уыд, ахæм лæппуйæ. Хетæг алкæддæр тæригъæд кодта æмæ хъахъхъæдта йæхицæй лæмæгъдæрты. Хиуонæн цæттæ уыд йæ уд раттынмæ дæр.
Кæд зындзинæдтæ æвзæрста, уæддæр Хетæг схъомыл зæрдæхæлар æмæ ныфсхастæй. Равзæрста дæсныйад — Фыдыбæстæ хъахъхъæнын. Хæцынмæ кад æмæ хæрзиуджыты тыххæй нæ ацыд, фæлæ йæ йæхицæн хæсыл кæй нымадта, æрмæстдæр уый тыххæй. Сæрмагонд операцийы фыццаг бонтæй Челæхсаты Хетæг хъахъхъæдта бæстæйы арæнтæ. Уыд штурмовик. Уæззау цæф фæци æмæ бахаудта госпитальмæ.
Лаурæ мысы, йæ фырт хъаст никуы кодта, уæззау уавæры куыд уыд, уæддæр. Хетæгимæ сын уыд тыхджын бастдзинад. Кæрæдзиуыл æнувыд уыдысты. Лæппу кӕм нӕ уыдаид, ӕдзухдӕр фыста фыстæджытæ, фехъусын ын иу кодта йæхи тыххæй. Æхсарджын æмæ хъæддых. Цæфы фæстæ кæронмæ нæ адзæбæх, афтæ та ногæй ацыд сæрмагонд операцийы зонæмæ. Нæ йæ баурæдтой каскæйы бынмæ цы хъæдгæмттæ уыд, уыдон дæр. Лаурæ зыдта — уымæн йæ зондахасты — тых æмæ лæгдзинад кæм хъæуынц, уым уæвын. Кавказы хæхтау тыхджын æмæ æнæфæцудгæ. Хетæг фарон ноябры фæмард. Раздæр иу ирд ахорæнтæй цы дунемæ каст, уый æвиппайды фæтар.
Фæлæ ахæм уæззау цæфы фæстæ дæр, Лаурæ йæхимæ ссардта хъару дарддæр цæрынæн. Сфæнд кодта йæ иунæг фырты ном сæнусон кæнын. Сылгоймаг, цы фиддонтӕ йын ӕмбӕлд, уыдон куы райста, уӕд Комсомольскæйы сарӕзта сывӕллӕтты фӕз.
Бæрз, акъаци, донхæрис æмæ дыргъбæлæстæ – кад кӕнын, ӕрдз чи уарзта ӕмӕ йын йӕ рӕсугъддзинадӕн аргъ чи кодта, уыцы фыртӕн. Сывæллæтты фæзы алы хай, алы лыстæгдзинад дæр æвзæрстой Хетæгæн йæ зæрдæмæ куыд фæцыдаид, афтæ.
Хъазæн фæз кадджын уавæры байгом кодтой 1-æм июны, сывæллæтты хъахъхъæныны æппæтадæмон боны. Ныр сабиты хъæлдзæг худт хъарм кæндзæн Лаурæйы зæрдæ. Йæ иунæг фырты чи фесæфта, уыцы мадæн ахсджиаг уыд, цæмæй йæ лæппуйы ном рох ма уа æмæ алчи зона – ацы бынат скодта йæ цард Райгуырæн бæстæйæн чи радта, уыцы хъæбатыр – Челæхсаты Хетæг.
Лейсан Диордица
















