Фыдыбæстæйы Стыр хæсты егъау тугкалæн тохтæй иу уыд Кавказы сæраппонд. Æгæрон лæгдзинады руаджы советон æфсæддонтæ Æрджынарæджы знаджы баурæдтой. Сабырдзинады сæрвæлтау йæ цард чи радта, уыдоны æрымысыдысты Елхотты.
Æфсæддон техникæ, тохы скъуыддзæгтæ æмæ сырхæфсæддонтæ. Се ‘ппæт дæр сныв кодтой сабитæ. Кавказ фашисттæй суæгъд кæныны тох у Фыдыбæстæйы Стыр хæсты карздæр ныхмæлæудтæй иуыл нымад. Сывæллæттæй бирæтæ ацы историон цаутæ зонынц скъолайы программæйæ. Бацархайдтой сæ гæххæттыл снывæфтын.
Сæйрагдæр мадзæлттæ ацыдысты Æрджынарæджы хъахъхъæнджыты монументы раз. Ам, 80 азы размæ цыдысты Кавказ бахъахъхъæныны сæрвæлтау иуыл карздæр ныхмæлæудтæ. Хъæбатырты нæмттæ æрымысынмæ æрбамбырд сты районы администраци æмæ Иры Стыр Ныхасы минæвæрттæ, уыимæ фæсивæд. Цыртдзæвæнмæ бахастой дидинджытæ, алæууыдысты æдзæмæй.
Цæгат Ирыстоны уылты фашисттæ фæнд кодтой Бакуйы нефтьмæ фæхæстæгдæр уæвын. Фæлæ Советон хъӕбатыр æфсæддонты лæгдзинады руаджы бантыст Ирыстон знагæй суæгъд кæнын. Тугкалæн ныхмæлæуды уæд фæмард 1 миллион Советон солдаты. 9-æм октябры, 1943-æм азы Кавказы ныхмæлæуды фæуæлахиз Сырх æфсад. Уæрæсейы уыцы бон нымад у Æфсæддон намысы боныл.
















