Цæгат Ирыстоны уæлдæр цæттæдзинады фæтк систой. Ахæм указ бафыста республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло. Раздæр уагæвæрд йæ тыхы уыд Æрыдоны, Горæтгæрон æмæ Кировы районты, уыимæ Дзæуджыхъæуы.
Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, уынаффæ рахастой, транзитон транспорты нымæц нæ республикæйы кæй схызт æмæ арæны сæрты ахизынвæнд чи кæны, уыдон фылдæр кæй кодтой, уый фæдыл.
















