Кировы районы саразынвæнд кæнынц ног куыстуат. Кæндзысты дзы кæсаджы куыст. Уый тыххæй фехъусын кодта бынæттон администрацийы сæргълæууæг Батяты Хъазыбег.
Куыд зæгъы, афтæмæй кæсагдарыны къабаз инвесторты руаджы республикæйы рæзы. Хъæууон-хæдзарады бæрæггæнæнтæм гæсгæ, уæй кæныны кæсаджы бæрц Цæгат Ирыстоны азæй-азмæ парахат кæны. Кæд 2017 азы хиконд базайраг кæсаджы кондад уыд 340 тоннæйы, уæд ивгъуыд азы хатдзæгтæм гæсгæ йæ бæрц 3 мин тоннæйæ ахызт. Уыцы бæрæггæнæн дыууæ азы фæстæ фæнд кæнынц 15 мин тоннæмæ схæццæ кæнын.
















