Нымæцты дунемæ фæндаг ссардта нæ дарддæры æрмæджы хъайтар. Владислав Маслов сси Æппæтуæрæсеон олимпиадæйы уæлахиздзау, равдыста иттæг хорз финансон зонындзинæдтæ, афтæмæй. Ацы къабазы архайын æй фæнды дарддæр дæр. Гугкаты Иринæ радзурдзæн æрыгон экономисты уæлахизы тыххæй.
Хъалонтæ раст куыд банымайын хъæуы? Æфстау та банкæй куыд пайдадæрæй райсгæ у? Стæй æхцайы фæрæзтæ, хорз æфтиæгтæ райсынмæ, хуыздæр кæдæм бахæсгæ сты? Ацы фарстатæ иртасыныл Владислав Маслов архайы ныр 2 азы дæргъы. Сси ма Æппæтуæрæсеон олимпиадæйы уæлахиздзау дæр. Ныр та хъуыды кæны фидæны йæхи куыстуат куыд байгом кæныныл.
Ныр лæппумæ цы æнтыстдзинæдтæ ис, уыдоныл æрлæууынмæ нæ хъавы. Фæнды йæ экономикон факультетмæ ахуыр кæнынмæ бацæуын. Æмæ Олимпиадæйы кæй фæуæлахиз, уый дæр ын æххуыс уыдзæн уæлдæр ахуыргæнæндонмæ бацæуынæн, ома, æрмæст хъæугæ гæххæттытæ бадæтгæйæ, кæнæ та уæлæмхасæн балтæ райсгæйæ.
Уæвгæ, Дзæуджыхъæуы базарадон-экономикон техникумы финансон зонындзинæдты уæлдæр æмвæзадмæ стыр æргом здахынц. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй ацы зонад ахуыр кæнын хъæуы цыфæнды кары дæр. Уый æххуыс уыдзæн алыхуызон аиуварсгæнинаг фарстатæ финансты къабазы ма руадзынæн.
Владислав сси Олимпиадæйы 47 уæлахаздзаутæй иу. Ерысы фæссаууон къæпхæны бацархайдтой 70 мин адæймаджы Уæрсейы 85 регионæй. Сæйраг къæпхæны архайджытæ та уыдысты 800-йæ.
















