preloader
сейчас в эфире
07:48
АХУЫРГÆНÆГ 12+
Смотрите Далее
08:10
СВЯТЫНИ РОССИИ. КРЫМСКИЕ ГОРЫ 12+
09:15
ПРОФЕССИОНАЛЬНЫЙ ПУТЬ 12+
09:45
ДЗÆНГÆРÆГ 12+
10:35
БЕЛКА И СТРЕЛКА. КАРИБСКАЯ ТАЙНА 6+
12:05
ЕЛХОТÆЙ ДАРДДÆР 12+
ТВ ПРОГРАММА
АХУЫРГÆНÆГ 12+
close

Кцойты Еленæ радзырдта Фыдыбæстæйы Стыр хæст ын йæ царды цы фæд ныууагъта

17.05.2022 13:57

Æмæ кæд хæсты рæстæг чызгыл афæдз йеддæмæ нæ цыд, уæддæр цымæ йæ мысинæгтæ дзуры, афтæ.

Кæронбæттæны та нæ фæнды Уæлахизы боны кадæн æрмæджытæ адарддæр кæнын. Мæйы райдайæнæй нырмæ архайæм хæсты ветерантæ, сывæллæттæ æмæ йемæ баст алыхуызон цауты тыххæй фылдæр радзурыныл. Цымыдисаг æмæ зæрдæагайгæ хъысмæттæ сты бирæ. Нæ дарддæры æрмæджы хъайтар Кцойты Ленæ. Хæсты рæстæг, хъахъхъæдуйраг бинонтæ цы фыдæбæттимæ сæмбæлдысты, уый тыххæй радзурдзæн Калоты Дзерассæ.


Цымыдисæй, раст цыма йæ йæхæдæг дæр фыццаг хатт уыны, афтæ нын Кцойты Ленæ иу рæнхъ иннæйы фæдыл кæсы. Æрмæст чысыл фæлæууы, цæмæй нын æнæзонгæ нæмттæ фæбæлвырд кæна. Сылгоймаг удуæлдайæ хуымæтæджы нæ кæсы. Чиныгмӕ хаст æрцыдысты йæ бинонты цаутæ. Æмæ кæд хæсты рæстæг чызгыл афæдз йеддæмæ нæ цыд, уæддæр цымæ йæ мысинæгтæ дзуры, афтæ. Ленæйы æртæ фыдыфсымæрæй къорд рæстæг хабар нæ уыд. Йæ фыд Батырбег дæр сфæнд кодта сæ райгуырæн хъæу Хæтæлдоны партизантæм бацæуын.

Фашисттӕ партион бинонты кодтой Прохладныймæ, уым сын цæттæ уыд сæрмагонд бынат. Бахæццæ сты Алагирмæ…. Райдыдтой сæ домын, цæмæй схъæр кæной, партизантæ кæм сты, уыцы бынат.

Фæлæ йæ буары сыгъд æмæ æнахуыр рыст дæр нæ басастой. Нæ рахъæр кодта партизанты бынат. Уæвгæ, ууыл фæлварæнтæ нæ фесты. Фæндагыл Ленæйы хистæр æфсымæр æмæ йæ фыды хойы чызджы къордæй фæхицæн кодтой. Немыцæгтæ уыцы карӕн фæсивæды сæхицæн истой акъоптæ къахын æмæ æндæр уæззау куыст кæнынмæ. Акодтой сæ Кæсæджы ‘рдæм.

Æрхæццæ сты сæ хъæумæ. Сæ хæдзæрттæ æрæййæфтой пырх æмæ сыгъдæй. Бацин кодтой, хосдоны ма цы хъæмп баззад, ууыл. Амæй, зæгъгæ, нæхи уæддæр тавдзыстæм æхсæвыгон. Дарддæр та исты уыдзæн. Фæлæ Кцойты хæдзар бабын. Дада фæд-фæдыл 4 сау фыстæджы райста. Йæ фырттæ Батырбек, Чермен, Газак æмæ Солтан хæсты быдыры фæмардысты. Кцойты ‘фсин — Дада, йæ чындз æмæ 4 сывæллоны къорд рæстæджы фæстæ сæ зæххытæ ауӕй кодтой æмæ ралыгъдысты горæтмæ.

Мады зæнæгæй иу — Ленæйыл абон цæуы 83 азы. Сылгоймагæн йе ‘нæниздзинад фæцудыдта, фæлæ уæддæр горæты цæргæйæ дæр уарзы æмæ æххæсы зæххы стæй фосы куыстыл.

Сабыр цардæн аргъ кæнын чи зоны, хæстæн та æрмæст йæ ном зæгъгæйæ дæр æппæт хъизæмæрттæ æмæ тухитæ йæ зæрдыл кæмæн æрбалæууынц. Нæ алкæй хæс дæр — уыцы уæззау хъысмæттæ парахт кæнын. Ма сæ рох кæнын фæлтæрæй-фæлтæрмæ. Æмæ сæрæстыр уæвын хъайтартæй.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Дзгойты Аллӕ | Æнусон фарн
5.09.2026
05.09.2026 | Гвардия
5.09.2026
Алан Караев I По большому счету
4.09.2026
Ахуыр азы райдайæн æмæ тхэквондойы Бон I Йæ рæстæгыл
4.09.2026
Здравствуй, школа! I Доброе утро, Осетия!
4.09.2026
Беслан сейчас. 2026
3.09.2026
Беслан сейчас. 3 сентября
3.09.2026
Беслæн 22 азы фæстæ I Йæ рæстæгыл
1.09.2026
Беслан сейчас. 2026
1.09.2026
Цохъты Беллæ I Фæрдгуытæ
31.08.2026
Прозрачная платежная система, инклюзивное образование и «Движение первых» I Самое время
31.08.2026
День ветеринара и День блогера I Доброе утро, Осетия!
31.08.2026
Сихъоты Тамир ӕмӕ Хынцӕгты Маринӕ I Куыд зӕгъай, афтӕ!
30.08.2026
В итоге. 30 августа
30.08.2026
Хугаевы I Семья
30.08.2026
Все рекомендуемое