30 бархионæй фылдæр бацархайдтой æппæтуæрæсеон зиу «Зелёный десант»-ы. Цъæйы комы фæдзæхст бынат саив кæнынмæ æрбамбырд сты бархион-экологты æппæтуæрæсеон змæлд «Делай»-ы активисттæ, ирвæзынгæнджыты æппæтуæрæсеон студентон корпусы бархионтæ, стæй фæдзæхст бынаты кусджытæ.
Цалдæр сахатмæ бафснайдтой дыууæ экологон къахвæндаджы — Цъæйы цъитимæ æмæ æхсæрдзæнтæм. Бырæттæ аласта куыстуат «ЭРА».
















