Уалдзæджы рæсугъддæр бæрæгбæттæй иу – Сылгоймæгты æппæтадæмон бон. Баззад æм цалдæр боны. Сылгоймæгтæ ацы бæрæгбонмæ уæлдæй тынг фенхъæлмæ кæсынц. Нæ дарддæры æрмæджы хъайтартæ сты сылгоймаджы рог къухты хицæуттæ. Уæззау куысты дæр бæрæг дарынц сæ уды хъарм æмæ фæлмæн армытъæпæнтæй. Куыстуат «Электроконтактор»-ы æвæллад кусджыты тыххæй нæ дарддæры æрмæг.
Лæсгæрæздухæн, дзæбуг æмæ электрон тыхы телтæ. Кочиты Лидияйæн ацы кусæнгæрзтæй хорз арæхсы. Куыд зæгъы, афтæмæй ацы куыстыл у æнувыд. Стыр горæтты цæрджытæ хъуыды дæр нæ кæнынц, метройы автоматикон æгъдауæй цы дуар байгом вæййы, уый Цæгат Ирыстоны сылгомæгты къухты куыст кæй у, уый.
Ацы заводы Лидия кусы 48 азы. Кæддæр завод «Электроконтактор» хъуыстгонд уыд æнæхъæн бæстæйыл: дæсгай цехтæ, сæдæгай кусджытæ уæдæ куысты егъау пълан дæр. Завод ифтонг кодта æгас бæстæйы энергокомплекс. Æмæ ныр дæр ахæм куыстуарзон адæмы руаджы завод дарддæр йæ куыст кæны. Ацы куыстуаты фæллой кæны 170 адæймаджы, уыдонæй 80% сты – сылгоймæгтæ.
Марина Абашкина, хуызджын згъарджыты цехы хицау: «Ныртæккæ у уалдзæг. Ам кусынц ахæм сылгоймæгтæ æмæ сæ пайда æмæ ахсджиаг куысты тыххæй дзы алкæйы дæр хъæуы æвæццæггæн къухтыл хæссын. Сты уæздан, фæлæ тыхджын. Ныртæккæ ахæм рæстæг у, æмæ ахæм куыст бирæтæм ницæйаг кæсы, фæлæ уый рæдыд у».
6 цехы æмæ дзы алкæм дæр куыст йæ тæмæны ис. Джипп уазджытæ, æмбырдгæнджытæ, кондад рæвдзгæнджытæ. Алкæмæн дæр дзы ис йæхи куыст. Фæлæ сæ хæс у иу- хæрзхъæд проукци уадзыныл бакусын!
Стыр станоктæ рæстæг æнæвгъауæй ныссау кодта. Фæлæ дзы æнæаивгæ у сылгоймаджы рог къух. Уæззау куысты дæр бæрæг дарынц йæ уды хъарм æмæ фæлмæн армытъæпæн.
















