Хицауад ма баххуыс кæндзæн хъæууонхæдзарадон куыстуæттæн. Транспортон хæрдзтæн уæлæмхасæн хуызы рахай кæндзысты 2 млрд сомы. Фæрæзтæ æрвыст æрцæудзысты æфсæнвæндаджы льготон тарифтæ сæххæст кæнынæн.
Æдæппæтæй та ацы аз транспортон хæрдзтæн рахай кæндзысты 4 млрд сомы. Специалистты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, уый фæкъаддæр кæндзæн агробизнесы хæрдзтæ, уыимæ хойраджы æмæ хъæууонхæдзарадон куыстуæтты афойнадыл æххæст кæндзысты хъæугæ хомагæй. Бантысдзæн ма продукци æндæр рæттæм æрвитыны хъуыддаг банывыл кæнын дæр.
Премьер Михаил Мишустин бабар кодта фарстамæ лæмбынæгæй цæст дарын, цæмæй аграрийтæм уа æппæт хъæугæ æрмæг уалдзыгон тауæн куыстытæ афойнадыл сæххæст кæнынæн.
















