Мадæлты боны фæдыл бирæсывæллонджын сылгоймæгтæн арфæйы ныхæстæ загъта республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло. 11 ныййарæджы схорзæхджын кодта «Мать Героиня»-йы кадджын номæй.
Мадæлтæ сты царддæттæг æмæ сын ацы бон хъæуы уæлдай бузныг зæгъын, æрыгон фæлтæры хъомыладмæ кӕй хæссынц стыр бавæрæн, фæнысан кодта Сергей Меняйло. Бирæсывæллонджын мадæлтæн йæ зæрдæ зæгъы фидар æнæниздзинад æмæ амонд.
















