Мæскуыйы æрымысыдысты Беслæны теракты амæттæгты. Кулишкæты Сыгъдæг Мадымайрæмы аргъуаны раз Мæскуыйы æрæмбырд дуне адæм. Аргъуаны разамонæг Дзеранты Вячеслав саргъуыдта, чи бацарæфтыд уыдоныл. 13 сахаты ӕмӕ 5 минутыл аргъуаны фæзы азæлыд дзæнгæрæг. Адæм минут алæууыдысты æдзæмæй. Арвмæ суагътой 334 урс шары. Номарæн мадзæлттæ Мæскуыйы фæаразынц æрвылаз.
Беслæны 1-æм скъолайы амæттæгты ном ссардтой Мæскуыйы облæсты «Мураново» музей-хæдзары дæр. Хъазаны Мады Майрæмы нывæфтыды раз ис сыгъдæг донгуырæн. Йæ фарсмæ та, 2004 азы трагедийы чи фæмард æмæ ма дунейы хъизæмæртты чи бахауд, уыдоны номыл парк. Парчы цы цыртдзæвæн ис, уый цурмӕ æрбахастой дидинджытæ. Игумен Феофан саргъуыдта рухсаджы лити.
















