«Беслæны мысæн» вахтæйы æртыккаг бон – æппæтæй уæззаудæр. 17 азы размæ цы æвирхъау цау æрцыд, уый амæттæгты æрымысынмæ Беслæнмæ ссыдысты бирæ адæм дунейы алы рæттæй. Сæ къухты дидинджыты бæстытæ, хъазæнтæ, мыдадзын цырæгътæ æмæ дон. Абон 13 сахаты ӕмӕ 5 минутыл скъолайы кæрты азæлыд дзæнгæрæг. Адæм минут алæууыдысты æдзæмæй. Арвмæ суагътой 334 урс шары. Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг епархийы минæвæрттæ скодтой сæрмагонд литурги, дзуæрттимæ цыд бакодтой «Зæдты горæтмæ». Уым метрономы зæлтæм бакастысты 334 номы. Ныртæккæ скъолайы кæрты судзынц мыдадзын цырæгътæ.
Буар цæмæй баризы… зæрдæ цæмæй ныккæрзы… дадзинты туг цæмæй ныллæууы… Ацы 3 боны Ирыстоны адæмæн алы аз дæр сты ӕгӕрон хъыг хӕссӕг… Уӕззау, риссаг æмæ, æнæмæнг зæрдылдаринаг бонтæ, кæд цыфæнды зын мысæн сты, уæддæр. Беслæны цаутæй никæйы зæрдæ баззад æнæ сæнкъуысгæ. Ацы хатт дæр та 3 боны Беслæны уыд «Мысæн вахтæ». 1 сентябрь, фыццаг бон… 9 сахатыл æмæ 15 минутыл азæлд дзæнгæрæг… афтæ уыд 2004-æм азы дæр… Уæд сæ æбуалгъ фыд фæндтæ райдыдтой æххæст кæнын лæгсырдтæ. Уацары райстой 1128 адæймаджы. Райсомæй скъоламæ цæуын райдыдтой республикæйы æхсæнадон минæвæрттæ, цæрджытæ, уазджытæ. Номарæн мадзæлтты архайдта республикæйы сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйло. Йемӕ уыдысты хицауады уæнгтӕ дӕр.
Фыццаг бон изæрæй, ныр уал азы куыд вӕййы, афтæ та скълойы кæрты уыд сæрмагонд акци – «Свеча памяти», зæгъгæ. Скъоладзаутæ бархионтимӕ уыциумæ ссыгътой 334 мыдадзын цырагъы. Алы цырагъ дæр – сыгъдæг уды нысан.
Ацы бонты ирон адæмы рис Беслæны æрæмбырд кæны бирæ адæм. Куыд Уæрæсейы, афтæ дунейы алы рæттæй дæр. Хъыг кæнынц чысыл горæты цæрджытыл ирон адӕмимӕ иумӕ. Бирæтæ сагъдау баззайынц сывæллæтты къамты цур, нæ уромынц сæ цæссыг.
Ам ма æрымысынц сабиты, сæ ныййарджыты, сæ ахуыргæнджыты ӕмӕ, ирвæзынгæнгæйæ йæ цард чи радта, уыдоны. Сæрмагонд дæлхайæдтæ «Альфа» æмæ «Вымпел»-ы службæгæнджытæ – 10 адæймаджы. Уæдæ судзгӕ скъолайы адæмы ирвæзынгæнгæйæ фæмард сты хуымæтæг адæм дæр. Бирæтӕн сæ ам уӕвгӕ дӕр ничи уыд: нӕдӕр хиуæттæй, нӕдӕр хæстæджытæй. Фæлæ сæ хæсыл банымадтой уыцы рæстæг уым уæвын. Коцойты Артуры хо Ритæ дæр ацы бонты æнæмæнг ам вæййы. Йе ‘фсымæр скъолайæ рахаста цалдæр сывæллоны. Афтæмæй фæцæф. 3 мæйы фæстæ амард Мæскуыйы рынчындоны.
«Мысæн вахтæ»-йы бонтæн æртыккаг у сæ зындæр. Уæд, 13 сахыты æмæ 5 минутыл, скъолайы уыд фыццаг срæмыгъд. Райдыдта штурм. Скъолайы цы 3 зын боны арвыстой, уыдон 334 адæймагæн ссисты цæ царды фæстаг бонтæ.
334 урс шары – сыгъдæг удты нысан. Ныр 17-æм хатт атахтысты уæлавмæ. Скъолайы кæртæй райдыдта Дзуæртты нывтимæ цыд. Йæ архайджытæн сæ къухты уыд хиуæттӕ æмæ хæстæджыты къамтæ. Афтæмæй цыдысты Зæдты сахармæ. Метрономы цыд æнкъуысын кæны зæрдæ… Уæлмæрдтыл азæлд, цардхъуагӕй чи фесӕфт, уыдонӕй алкӕй ном дæр…
















