Ахуыртæ райдайынц цыбыр инструктажæй. Галиу къухы æнгуылдзтыл æнæмæнг силикон æнгуырстуантæ бакæнын хъæуы, кæннод хи басудзынæй тæссаг у. 3D-ручкæйæ сывæллæттæ алыхуызон фигурæтæ саразынц. Раздæр хуымæтæг нывтæ кодтой, ныр зындæр фæлгонцтæм дæр арæхсынц. Пластик æндах та цыфæндыхуызæн дæр равзарæн ис, сæ бар сæхи.
Хуызтæ иртасын, нымайын æмæ ныв кæнын — æппæт дæр роботы æххуысæй. Æрмæст ын раст хæслæвæрд раттын хъæуы. Уæд æй дæ программæ хъæугæ бынатмæ бакæндзæн. Ацы ахуырты сывæллæттæн картæтимæ кусын амонынц: æвзонг роботскъæрджытæй иутæ горæты сты, иннæтæ зоопарчы.
Сывæллæтты рæвдауæндон “Сызгъæрин дæгъæл”-ы къордтæ байгом кодтой федералон проект “Алы сывæллоны æнтыст”-ы “Уæлæмхасæн ахуырады ног бынæтты” программæйы руаджы. Нырыккон технологитимæ сывæллæтты зонгæ кæнынц фароны сентябрæй, къуыри дыууæ хатты. Педагогтæ ацыдысты сæрмагонд ахуыртæ.
Æртыккаг къорды та базонынц 3D-принтерæй пайда кæнын. Къласы хъæугæ ифтонггæрзтæ ис. Ахуыртæм цæуынц 5 æмæ 6-аздзыд сывæллæттæ
















