Уыцы минутты йæм афтæ каст æмæ йæ цард фæцис. Магкæты Олег мæлæты къухтæй тыххæй аирвæзт. Йæ тæккæ цур сармадзан схæцыд. Нæлгоймаг уæззау цæфтæ фæцис. Æвæстиатæй йæ фæхæццæ кодтой госпитальмæ, уæззау операци æмæ дæргъвæтин зын реабилитаци. Ныртæккæ йæ æнæниздзинад фæхъæддыхдæр. Авд мæймæ, сæрмагонд æфсæддон операцийы уӕвгӕйӕ, Магкæты Олег бирæ зындзинæдтæ бавзæрста. Йæ цæстыты цур-иу фæмардысты йæ æфсæддон хæлæрттæ, фæлæ йæ фидарæй зыдта, алцыдæр йæ Фыдыбæстæйы сæраппонд кæй кæны.
Йæ цард æй æфсадимæ сбæдтын фæндыд сабийæ фæстæмæ. 11 азы службæ кодта Таджикистаны, 9 азы фæкуыста пъæлицæйы. Уый фæстæ райдыдта сæрмагонд æфсæддон операци æмæ фронтмæ бархионæй ацыд. Æфсæддон операцийы бынаты Олег уыд йæ фыццаг бонтæй фæстæмæ. Уæд сарӕзтой батальон «Шторм. Осетия» дæр. Уæззау цæфты фæстæ йæ службæмæ нал истой, фæлæ уæддæр тырныдта фронтмæ. Фæндыд æй йæ æфсæддон æмбæлттæм, уыдонæй иуварс æрлæууын йæ зæрдæ нæ куымдта.
Уæд Олегæн куысты бынат ссардтой «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ» фонды. Ныр «Шторм. Осетия»-йы батальоны минæхсæн къорды раздæры командир у Алагиры районы социалон координатор. Ныр æххуыс кæны, сæрмагонд æфсæддон операцийæ чи сыздæхт, уыдонæн. Алкæддæр цæттæ у баххуыс кæнынмæ. Æфсæддонты йæхимæ гæсгæ хорз æмбары.
Алы цау, алы хъысмæт дæр йæ зæрдæмæ хæстæг исы. Уый æнцон нæу. Дæ уд фæсивæдыл куы рисса, уæд хиуыл фæхæцын зын у. Цыппар мæймӕ Олег баххуыс кодта дæсгай адæмæн. Йæ зæрдыл æрлæууыд, йæ хъæбулы хъæбыл Сæрмагонд æфсæддон операцийы кæмæн уыд, уыцы сылгоймаг æм курдиатимæ куы æрбацыд, уый. Йæ бон æй ссарын нæ уыд. Уæд Олег сæрмагонд курдиат арвыста хъахъхъæнынады министрадмæ. Рабæрæг, лæппу æбæрæгæй сæфтыл нымад кæй у, уый.
Ацы сæрд Магкæты Олег йæ фæлтæрддзинад фæуæлдæр кодта Мæскуыйы, хæрз æрæджы та Пятигорскы. Кæны алывӕрсыг æххуыс. Се ‘хсæн сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн льготæтæ снысан кæныны фарстатæ, æвдисæндартæ райсыны æмæ зæххы хæйтты фӕдыл хъуыддæгтæ. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй, кæд операцийы бынаты мӕнӕй ницы пайда ис, уæддæр сын ардыгæй æххуыс кæндзынæн, зæгъгæ.
















