Кемеровойы зæрдæриссæн цаутæ æнæхъæн бæстæ нырризын кодтой. Базарадон центрты хицæуттæ сæхицæн старстысты. Æдасдзинадмæ ныр цыфæндыйы цæстæй нал кæсынц. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады уæнгтæ аразынц æнæрадон рейдтæ. Не сфæлдыстадон къорды уæнгтæ дæр сфæнд кодтой сæхæдæг уавæрмæ æркæсын. Дзæуджыхъæуы базарадон центртæ æдасдзинады домæнтæн дзуапп дæттынц, æви нæ? Цы федтам, уый нæ дисы нæ бафтыдта, фæлæ йыл ахъуыды кæнын дæр æмбæлы.
Базарадон-ирхæфсæн центр «Столица». Зингсирвæзты сигнализацийæ ифтонггонд сты 3 уæладзыджы дæр. Тæссаг фылдæр цы бынæтты у – сывæллæтты хъазæн фæз æмæ кинозалты – уымæй уæлдай автоматикон системæ кусы. Зынгсирвæзт куы æрцæуа, уæд æй йæхæдæг ахуыссын кæндзæн. Бæстыхайы сæрыл та – донцъирæнтæ. Цар доны хæтæлтæй нæ зыны. Алы къуыммæ дæр сæ ахæццæ кодтой. Системæ фæздæг куы бамбара, уæд дон хæтæлтæй фемæхсдзæн. Фыдбылыз не рцæудзæн. Фæлæ мæ цардæн тæссаг ам нæу зæгъгæ, сулæфын ам нæ бантысдзæн. Пластик дзы бирæ ис: къултæ, хъазæнтæ, кусæнгæрзтæ, уæдæ кæй уæй кæнынц, уыцы дзумæттæ дæр. Иу æхсидавæй дæр арт схæддзæн. Кемеровойы зæрдæриссæн цау дæр афтæ æрцыд, хъыгагæн. Столицæйы зынгхуыссæн гидранттæ хъæугæ гæрзтæй разындысты цух. Зынгфæдисы æлхъивæн дæр фæткмæ гæсгæ конд нæу. Уæдæ фæдисы кæдæм цæуай, уый дæр нæй. Бахъуаджы ацæуæнтæ сты æхгæд. Дæхи сыл куы хойай, уæддæр сæ æнæ дæгъæлæй нæ байгом кæндзынæ. Хуыцау ма зæгъæд, фæлæ, мыййаг, исты, уæд адæймаджы дæгъæл агурыны мæт нал уыдзæн.
Базарадон центр «Алания Молл» зынгхуыссынгæн автоматикон системæ ис алы уæладзыджы дæр. Зынгфæдисы æлхъивæнтæ, куыд æмбæлы, афтæ кусынц. Артимæ тохы фæрæзтæ – алы ран.
Цалынмæ не сфæлдыстадон къорд бынаты куыста, уæдмæ алцыдæр – куыд æмбæлы, афтæ. Фæлæ куыддæр федде стæм, афтæ ацæуæнтæ гуыдырæй æрæхгæдтой. Дзæуджыхъæуы сæйраг дукани, адæй æй зонынц, ЦУМ, зæгъгæ, номæй, уыцы базарадон центры дæр бахъуаджы ацæуæнтæ алы ран ис. Агъуыстытæ ифтонггонд сты зынгхуыссынгæнæн автоматикон системæйæ. Кусджыты сахуыр кодтой, гæрзтæй сæ куыд пайда кæнын хъæуы, ууыл.
Фæлæ та ам дæр нæ цæст хъæндзинæдтыл æрхæцыд. Ам дæр рахизæнтæй иу æхгæд разынд. Диссагæн ма йæ центры хицау дæр нæ байгом кодта. Тынг архайдта, фæлæ дзы ницы рауад.
Зынгуыссынгæнæнтæ дæр дзы фаг ис. Бæрцæй бирæ, фæлæ æнæпайда. Иу дзы райстам, нæ уацхæссæг æй йæ къухы фæраппар-баппар кодта, фæлæ афтæ дæр не скуыста. Иннæтæй ма кæй бафæлвæрдтам, уыдон сæ хицæутты зæрдæхудты нал бацыдысты. Скуыстой. Æгайтма. Афтæмæй, хъæндзинæдтæ алы ран дæр кæй ис, уый федтат. Фæлæ нæ базарадон центртæ иумæйагæй æдасдзинады домæнтæн дзуапп дæттынц. Нæ зæрдæ уын зæгъы, цæмæй уый йæхиуыл мачи бавзара.
















