Сгарæн-агурæн къорды уæнгтæ ссардтой Белоруссийæ рацæуæг Георгий Адамовичы стæгдар. Бирæ азты нымад уыд æбæрæгæй сæфтыл. Фыдыбæстæйы стыр хæсты тæхæг хъахъхъæдта Цæгат Кавказ знаджы ныббырстæй. 79 азы ныр ныгæд æрцыд Майрæмададжы.
Риуылдаргæ нывæфтыды гæппал, ТТ хæцæнгарзы фистон æмæ парашюты рæттæ. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты тæхæг Георгий Адамовичæй ма баззад æрмæст ацы мысинæгтæ. Белорусийы чи райгуырд, уыцы тæхæг фæмард 42-æм азы Суаргомы.
Зын зæгъæн у, цас бафыдæбон кодтой «Долг и честь» сгарæн къорды уæнгтæ, цæмæй уал азы фæстæ Хъобаны быдырты хæдтæхæг ссарой. Дыууæ азы фæкуыстой æвæллайгæйæ: ссардтой æфсæддон хæдтæхæджы хæйттæ, тæхæджы стæгдар, сбæрæг кодтой архивон гæххæттытæ. Сгарджыты ныхæстæм гæсгæ уæлдæфон нау æркъуырдта немыцаг зенитон хæцæнгарз. Георгий Адамович ныгæд æрцыд Суаргомы хъахъхъæнджыты музейы. Активисттæ ныр агурынц йæ хæстæджыты.
Советон салдаты кадджын уавæры баныгæдтой Майрæмададжы. Мадзалмæ æрбацыдысты хъæуы цæрджытæ, Цæгат Ирыстоны ветеранты Советы уæнгтæ, ДОСААФ-ы минæвæрттæ, суворовонтæ æмæ скъоладзаутæ.
Музейы мемориалон комплексы цыртдзæвæн арæзт у, Цæгат Кавказ немыцаг æрдонгтæй чи хъахъхъæдта, уыцы Фыдыбæстæйы стыр хæсты тæхджыты номыл. Сæрмагондæй Ирыстоны зæххыл чи фæмард, уыдоны ма рох кæнынæн.
Æнæном салдæтты стӕгдартӕ дарддæр дæр агурдзысты. Йæ цард райгуырæн зæххæн чи снывонд кодта æмæ æбæрæгæй чи фесæфт, Ирыстоны уыцы хъæбатырты нæмттæ хъуамæ рох ма уой.
















