Льготæйы хуызы ипотекæ пайда уавæрты сæ бон уыдзæн райсын Цæгат Ирыстоны цæрджытæн. Ивддзинæдтæ баййæфта программæ. Кæд раздæр ипотекæ райсын сæ бон уыд æрмæст 21 азæй фылдæр кæуыл цæуы, уыцы цæрджытæн, уæд ныр ахæм фадат ис 18 азæй дæр. Программæ йæ куыст кæндзæн 2023 азы кæронмæ. Бæлвырддæр нæ дарддæры æрмæджы.
Хæбæлаты бинонтæ хъомыл кæнынц 3 сывæллоны. Сæрмагонд ипотекæйы тыххæй цалынмæ нæ базыдтой, уæдмæ бирæ азты цардысты иуагъуыстон æххуырст фатеры.
Ныридæгæн банкты бацæттæ кодтой ипотекæйы алыхуызон гæнæнтæ. Уыимæ ма, кæд раздæр кредит райсын йæ бон æрмæст 21-аздзыд адæймагæн уыд, уæд ныр ахæм лæггадæй спайда кæнæн ис 18 азæй фæстæмæ. Ацы аз хæдзар ипотекæйы руаджы чи балхæдта, уыцы цӕрджыты нымæц у 2мин 500, æдæппæтæй 6 млрд сомы бæрцæн.
Ныртӕккӕ ипотекæ исгæйæ льготæйæ пайда кæнынц бирæ адæм. Программæ у цалдæр хуызы: бинонтæн, хъæуккаг æмæ дардхурскæсæйнаг. Программæйы фыст нæй, фатерæнӕн йӕ фӕзуат ӕмӕ йӕ аргъ бæлвырд цас хъуамæ уой, уыцы бæрæггæнæнтæ. Бахъуаджы рæстæг ма спайда кæнӕн ис мадæлты капиталæй дæр. 6 проценты льготæты хуызæй спайда кæнæн уыдзæн, дыууæ æмæ фылдæр сывæллоны кæм ис, ахæм бинонтæн. Æрæджы та ма ахæм фадат фæзынд фыццаг сывæллон кæмæн райгуырд, уыдонæн дæр. Кредиты æххуысæй самал кæнӕн уыдзæн куыд фатер, афтæ хи хæдзар дæр. Хъæуы цæрæг, кæнæ, тагъд рæстæджы горæты кæй фæнды æрцæрын, уыдонæн та сæ бон уыдзæн райсын кредит 3 процентимæ. Льготæты хуызы кредитæй спайда кæнӕн уыдзæн 2023 азмæ. Ахсджиаг ма у уый, æмæ йæ цы процентыл райсдзысты, афтæ йæ æнæ ивддзинæдтæй фиддзысты фидаргонд æмгъуыды кæронмæ. Ипотекæ льготæйы хуызы райсыны фадат адарддæр кодтой, йæ фæрæзты бæрц дæр ын фæфылдæр кодтой.
















