Мамысоны хъæздыг культурон æмæ историон хæзнатæ, хæххон-рекреацион курорт аразгæйæ, бахъахъхъæнын. Уыцы ахсджиаг фарстайыл дзырдтой хицауады уæнгтæ. Æмбырдæн разамынд лæвæрдта Тускъаты Тамураз.
Бацархайдтой дзы йæ хæдивæг Фадзайты Æхсарбег, Кæсæбиты Игорь, министрадты æмæ ведомствоты минæвæрттæ. Республикæйы профилон комитеты сæрдар Æгайты Эмилия куыд фæнысан кодта, афтæмæй культурон нысаниуæг кæмæн ис æмæ федералон хыгъдмæ чи хауы, уыцы объект у Лисри. Хицауады уынаффæмæ гæсгæ, нысангонд сты йæ арæнтæ, йæ хъахъхъæнын æмæ пайда кæныны фæтк. Мамысоны курорт кæм фæнд кæнынц саразын, уыцы бынаты ныртæккæ цы мыггæгты мæсгуытæ ис, уыдоны минæвæрттимæ ныхас кодтой.
Закъонмæ гæсгæ, культурон нысаниуæг кæмæн ис, уыцы объекттæй пайда кæныны бар ис æрмæстдæр юридикон бæрнондзинад кæмæ ис, уыдонæн. Уый тыххæй та хъæуы мыггæгты æхсæнад саразын æмæ йæ срегистраци кæнын. Æмбырды ма дзырдтой, ныртæккæ Мамысоны цы арæзтытæ ис, уыдоны тыххæй дæр. Кæцыдæртæ дзы сты ныккæлын æввонг. Раздæры цæрæн бынæттæ бацалцæг кæндзысты. Уæд сæм хъуамæ профилон комитет йæ хъус дара. Æнæмæнг сæххæст кæнын хъæудзæн сæйраг домæнтæ – арæзтадон æрмæджытæ хъуамæ уой æрмæстдæр хъæд, дур æмæ згъæрæй.
















