Мидхъуыддæгты министрады кусджытæ Дзæуджыхъæуы рабæрæг кодтой æнæзакъон хъæзтыты клуб. Барадхъахъхъæнджыты цæст сыл æрхæцыд оперативон-сгарæн мадзæлтты рæстæг, фæстæдæр ын раиртæстой йæ куысты фæтк дæр.
Мидæмæ уагътой, æрмæст рагацау чи æрбадзырдтаид æмæ «æууæнк» кæуыл ис, ахæмты. Басгæрсты рæстæг барадхъахъхъæнджытæ ссардтой, æнæзакъон хъазт адæм кæй фæрцы кодтой, 4 ахæм компьютеры. Уыдис ма дзы кассæ æмæ сæрмагонд кусæнгæрзтæ дæр. Хуымæтæг техникæ йæ хицауæн хаста хорз æфтиæгтæ. Знаггадгæнджытæ æнæзакъон митæй цас бакуыстой, уый нырма хъæуы сбæрæг кæнын. Азымджынты аххос куы сбæрæг уа, уæд сын Уголовон Кодексы 171-æм статьямæ гæсгæ тæссаг у 6 азы онг ахæстоны фæбадынæй.
















