Нæ республикæ суазæг кæндзæн æртæ сæдæ æвзонг туристæй фылдæр бæстæйы алы регионтæй. Цæгат Ирыстон цæттæ кæны æрыгон туристты æппæтуæрæсеон æмбырды финалмæ.
Мадзал ацæудзæн 20-æм июлæй 3-æм августмæ. Æппæт фарстатыл æрныхас кодтой цæттæгæнæн комитеты фембæлды. Разамынд ын лæвæрдта регионы хицауады сæрдары хæдивæг Платы Альбинæ. Егъау мадзалы сæйраг нысан у Уæрæсейы сывæллæттæ æмæ фæсивæды ‘хсæн туризмы алы хуызтæ апарахат кæнын. Расиды йæ бæстæйы рухстауыны министрад. Афтæмæй, фидардæр кæнынц туристон-æрдззонадон ахуырады бындуртæ. Ирыстоны командæтæ-архайджытæ фыццаг æрбынат кæндзысты фæлладуадзæн базæ “Комы-Арт”-ы. Уым равæрдзысты цатыртæ. Лагеры архайджытæ басгардзысты алы хуызты туристон балцвæдтæ. Платы Альбинæ бабар кодта, мадзал бæрзонд æмвæзадыл бацæттæ кæнын.
















