Цæгат Ирыстоны райдыдтой Аланийы аргъуыды 1100 азимæ баст мадзæлттæ. Егъау фæзтæ байгом алы бынæтты. Æрæджы нæлгоймæгты Алайнаг моладзандонæй хъуыст классикон музыкæ. Мариинаг театры филиал оперæ æмæ балеты театр концерт радта гом арвы бын. Уазджыты æнкъарæнты тыххæй нæ дарддæры æрмæджы.
Аивад уарзджытæ æмæ музыканттæ цымыдисæй кæсынц дирежер Николай Хондзинскийы къухты змæлдмæ. Нæлгоймæгты Алайнаг моладзандоны
фæзыл сæмбырд сæдæгай адæм. Афтæ, денджызы æмвæзадæй 1 мин 300 метры уæлдæр фыццаг хатт азæлыдысты — монон уацмыстæ Танеевы «Иоанн Дамаскин» æмæ Прокофьевы «Александр Невский». Егъау вокалон-симфонион уацмыстæ хæхты астæу акæнын уæлдай бæрнон у. Мариинаг театры филиалы оперæ æмæ балеты театр сæ бацæттæ кодта Аланийы аргъуыды 1 мин 100 азмæ. Сергей Прокофьевы «Александр Невский» кантатæ акодтой иууылдæр. Музыкалон уацмыс арæзт у авд хайæ. Сæ иуы «Мертвое поле», зæгъгæ, сæргондимæ фыццаг хатт азарыд Цхуырбаты Верæ.
Солисттæн бантыст адæмы зæрдæты уырнындзинад бауадзын. Раргом сын кодтой сæ æнкъарæнтæ. Республикæйы цæрджытæ æмæ уазджытæ разыйы баззадысты. Чырыстон дзуартты номыл фыст уацмыстӕ акодтой республикӕйы кадджындӕр бынӕттӕй иуы. Мариинаг театры филиалы хор æмæ оркестр иннæ концерт ратдзысты 24-æм сентябры æппæтадæмон форум «Христианство на Кавказе» -йы.
















