«Нартиадæ»-йы азы фæлгæты мадзæлттæ цæттæ кæнæн комитеты фыццаг æмбырд ацыд Дзæуджыхъæуы. Амыдта йæ хицауады сæрдары хæдивæг Тугъанты Ларисæ. Регионы культурæйы министр Галазты Эдуард равдыста «Нартиадæ»-йы азы логотипты хуызтæ – Кæронбæттæн ныв снысан кæндзысты иннæ æмбырды.
Проекты пъланы ис 100 мадзалы – армукъатæ, равдыстытæ, конкурстæ, концерттæ æмæ æндæртæ. «Нартиадæ»-йы азы фæлгæты ма ацæудзæн ноджы иу мадзал «Хуры сывæллæттæ» егъау равдыст. Экспозици равæрдтой Тугъанты Махарбеджы номыл музейы. Регионы цæрджыты æмæ уазджыты базонгæ кæндзæн Нарты дунеимæ.
Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйлойы Указмæ гæсгæ 2023-æм аз Цæгат Ирыстоны снысан кодтой ирон «Нартиадæ»-йы азæй. Мадзалы сæйраг нысан – адæмон сфæлдыстады хæзнатæ æмæ бирæвæрсыг культурæ бахъахъхъæнын.
















