Национ проектты райрæзтыл республикæйы хъуамæ нысангонд æмгъуыдмæ бакусой. Уый тыххæй фехъусын кодта хицауады сæрдар Дзанайты Барис. Премьер фембæлд йæ хæдивджытæ, дзуапдæттæг министртæ æмæ ведомствоты разамонджытимæ. Æмбырды архайджытæ дзырдтой, Цæгат Ирыстоны социалон-экономикон рæзты программæйы фæлгæты цы æхсæнадон объекттæ аразынц, уыдоныл.
Иу ахсджиаг фарста ма — республикæйы бюджеты проекты цæттæдзинад. Йæ фидаргæнгæйæ уæлдай æргом аздахын хъæуы районтæм. Премьер-министр алы мадзалы райрæзтæн дæр снысан кодта бæлвырд æмгъуыд.
















