Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйло видеобастдзинады руаджы архайдта терроризмы ныхмæ национ комитеты æмбырды. Фембæлд ацыд Мæскуыйы Уæрæсейы æдасдзинады федералон службæйы директор Александр Бортниковы разамындæй. Сæйраг темæ — Цæгат Кавказы терроризмы профилактикæ. 3 азмæ бантыст 29 теракты æмæ 30 æндæр закъонхæлды ма ’руадзын.
Александр Бортников куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй æппæтадæмон террористон къордтæ дарддæр аразынц мадзæлттæ уавæр февзæрдæр кæнынæн. Комитет уæлдай æргом здахы профилактикон куыстмæ. Муниципалон æмвæзадыл сæйрагдæр у фæсивæдæн медиатыгъдады терроризмы ныхмæ æрмæджытæ парахат кæнын.
Æмбырды архайджытæ бакуыстой уæлæмхасæн мадзæлттыл, бынæттон хиуынаффæйады оргæнтæ æмæ профилон къамисты куысты рæзтыл бакусынæн, цæмæй Цæгат Кавказы терроризмæн бынат ма уа æмæ уавæр фæхуыздæр уа. Мадзалы ма архайдтой Президенты æххæстбарджын минæвæрттæ федералон зылдты, барадхъахъхъæнджытæ, хицауады федералон оргæнты разамонджытæ æмæ сæрмагонд службæты кусджытæ.
















