Республикæйы эпидемиологон уавæр у зæрдæхсаинаг. Коронавирусы инфекци парахат кæны. Рæзы, рынчындæттæм медицинон æххуысмӕ чи цæуы, уыдоны нымæц дæр. Сæвзæргæ уавæры тыххæй дзæбæхгæнæндæтты фæфылдæр кодтой хуыссæн бынæттæ.
Республикон эндокринологон диспансеры уæлæмхасæн равæрдзысты 120 сынтӕджы, уыдонæй 12 – реанимацион хайады. Инфекцион хуыссӕнтӕ ма бафтыдтой сывæллæтты республикон клиникон рынчындоны æмæ Рахизфарсы районы сæйраг рынчындоны арæн хайады. Фæфылдæр ма кæндзысты тагъд медицинон æххуысы бригадтæ.
















