Тедеты Азæмæтыл æрмæст æхсæз азы цыд музыкалон скъоламæ фыццаг хатт куы æрбакъахдзæф кодта, уæд. Уæвгæ, уый кары ахуырдзаутæ нæ истой. Фæлæ лæппуйы курдиат педагогтæ уайтагъд раиртæстой. Хуымæтæг фæндыр сабийæн уыд уæззау. Уæмæ гæсгæ йын балхæдтой æнцон архайæн инструмент.
Æгæрон курдиаты хицау, зæгъы скъолайы дирктор Джелыты Эльвирæ. Гыццылæй фæстæмæ йæ разамонæджыты æппæт амынддзинæдтæм дæр хъуыста лæмбынæг. Азæмæт йæхæдæг куыд радзырдта, афтæмæй уыцы рæстæг бамбæрста музыкæ йæ царды ахсджиаг бынат кæй бацахста, уый. Йæ уарзон программæ та уыд “Фарны хабæрттæ”.
Скъолайы фæстæ Азæмæт ахуыр кæнынмæ бацыд Гергиты Валерийы номыл аивæдты колледжмæ. Райста дыууæ дæсныйады, ирон фæндыр æмæ аккардеон. Æвзонг артист хорз æнтыстдзинæдтæ æвдыста алыхуызон æппæтуæрæсеон æмæ æппæтадæмон æркастыты. Ныридæгæн мызыкант у Мæскуыйы Гнесинты номыл академийы магистрант. Йæ фидæн уыны æрмæст сæдæгай концерттæ æмæ гастрольты ‘хсæн.
Æрæджы Азæмæт фыццаг хатт йе сфæлдыстад рахаста йæ райгуырæн Октябрьскæйы музыкалон скъолайы сценæмæ. Æрыгон артист бузныг у йæ педагогтæй. Уыдон не ‘вгъау кодтой лæппуйæн сæ зонындзинæдтæ, фæлтæрддзинад, æвæрдтой йæ раст фæндагыл.
Азæмæтыл цæуы 23 азы. Фæлæ ныридæгæн дæр йæ къухы бирæ æнтыстдзинæдтæ бафтыд. Ууыл æрлæууынмæ, кæй зæгъын æй хъæвы, нæ фæнд кæны. Йæ райгуырæн скъолайы концертæн адæм скодтой стыр аргъ.
















