preloader
сейчас в эфире
06:08
МУЗЫКÆ 12+
Смотрите Далее
06:45
НУ НАДО ЖЕ! 12+
ТВ ПРОГРАММА
МУЗЫКÆ 12+
close

Отарты бинонтæ дæр бахаудысты Беслæны теракты

3.09.2021 15:19

Отарты Светланæйӕн абон дӕр ма йӕ цӕстытыл уайынц уыцы æртæ боны.

Отарты бинонтæ дæр 2004 азы æвирхъау цауы ӕппӕт хъизæмæрттæ ӕххӕстӕй бавзæрстой сæхиуыл. Къостайыхъæуккаг бинонтæ сфæнд кодтой Беслæны æрцæрын. Сæ ног цæрæнбынатмæ хæстæгдæр уыд 1-æм скъола… Фæлæ йæ чи зыдта, афтæ рауайдзæн, уый. Отарты Светланæйӕн абон дӕр ма йӕ цӕстытыл уайынц уыцы æртæ боны.


Абоны бон Отарты Давид йæ фыд Муратæн у стыр ныфс. Йæ къамтæ нын цингæнгæйæ æвдисы. Лæппу службæ кæны Брянскы. Кæд сабийæ зындзинæдтæ федта, уæддæр йæ ныфс нæ асаст. 2004-æм азы Давид дæр йа мад Светланæимæ уыдысты Беслæны 1-æм скъолайы. Æбуалгъ карз террористон акт бавзæрстой сæхиуыл. Рацыд 17 азы, фæлæ сæ удты хъæдгæмттæ абон дæр нæ байгас сты. Уæд Давидыл цыд 8 азы. Хъуамæ бацыдаид 1-æм къласмæ. Йæ мад Светланæ абон дæр æрхъуыды кæны сæхи скъолайы къæсæрæй бахизынмæ куыд цæттæ кодтой, уый. Фæлæ сæ цин зындзинадмæ расайдта.

Адæм бон æхсæв нал иртæстой. Æнæ дон, æнæ хæринаг æнуд бæстыхайы лæгсырдты хæцæнгæрзты бын. Хистæртæ кæд сæхи хъæддыхæй дардтой, уæд сабиты хъизæмарæн кæрон нал уыд.

Фыцццаг срæмыгъд… Дыккаг… Æртыккаг… Ныййарджытæ сæ сывæллæтты нал ардтой. Светланæ ма Давидæй уæлдай фæхæцыд дыууæ сывæллоны къухтыл афтæмæй æддæмæ лыгъд ратта.

Скъолайы кæрты сæ бинонтæм æмæ хиуææтæм чи æнхъæлмæ каст, уыдонæн дæр тынг зын уыд. Сæ бон баххуыс кæнын кæй нæ уыд, уый сын сæ зæрдæ скъуыдта. Отарты Мурат Светалнæ æмæ Давиды ссардта рынчындоны.

Отарты Давидыл ныртæккæ 25 азы цæуы. Азæй азмæ йæ зæрдæ тынгдæр дзыназы. Ацы æвирхъау цаутæ арф фæд ныууагътой лæппуйы зæрдæйы. Рæстæг цæуы, Давид æмæ Беслæны скъолайы иннæ уацайрæгты дарддæр цæрын хъæуы. Сæхи æмæ, чи нал фервæзт, уыдоны нывондæн.

Æнамонд скъолайы кæрты 3 боны лæууынц адæм. Хæссынц дидинджытæ, дон, судзынц мыдадзын цырæгътæ. Теракты амæттæгты æрымысынц, иу минут æдзæмæй лæугæйæ. Хъуамæ ацы бæллæх нæ зæрдыл дарæм, цыфæнды зын мысæн нын кæд у, уæддæр. Хъуамæ йæ фидæны фæлтæртæ дæр макуы ферох кæной.

ДЕЛАЕМ ГОРОД КОМФОРТНЕЕ
Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
08.06.2026 I Доброе утро, Осетия!
8.06.2026
В итоге: 07.06.2026
7.06.2026
Куыд зæгъай, афтæ! I 07.06.2026
7.06.2026
06.06.2026 | Саутæ, буртæ, мыдхуызтæ
6.06.2026
Гвардия I 06.06.2026
6.06.2026
Зæхкусæджы сагъæстæ I Хæдзарадон
5.06.2026
Проект «Алания. Это мо земля», Зæрон Бæтæхъойыхъæуы фæсивæд æмæ бархионты архайд I Йæ рæстæгыл
5.06.2026
Рамазан Гаджимурадович Абдулатипов I Большое интервью
5.06.2026
05.06.2026 I Доброе утро, Осетия!
5.06.2026
Эксперты I ДОК
4.06.2026
Новые отделения РКБ, антинаркотический месячник и актуальные новости прошедшей недели I Самое время
4.06.2026
Дӕндӕгты ӕнӕниздзинад бахъахъхъӕныны бон I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
4.06.2026
Среда влияния I Изменение климата на Кавказе
3.06.2026
Залина Дзампаева I Истории из жизни
3.06.2026
Дело мастера I Нелли Гассиева
3.06.2026
Все рекомендуемое