1-æм сентябры агъоммæ æппæт Уæрæсейы дæр бæрæг кæнынц ахуырадон уагдæтты цæттæдзинад. Цæгат Ирыстоны скъолатыл зилынц парти «Иугонд Уæрæсе»-йы Цæгатирыстойнаг хайады депутаттæ. Абон абалц кодтой Æрыдоны 1-æм æмæ 4-æм скъолатæм. Сæ балцы хатдзæгты тыххæй нæ дарддæры æрмæджы.
Ног цалцæггонд кабинеты къæсæрæй тагъд рæстæджы бахиздзысты 2-æм къласы ахуырдзаутæ. Сæ раздæры бынат сывæллæтæ зынтæй базондзысты. Кабинет сног кодта скъолайы раздæры ахуыргæнинаг. Уый у йæ директорæн лæвар. Чызг кусы дизайнерæй, æмæ æппæт цалцæггæнæн куыстытæ куыд цæуынц, уымæ онлайн хуызы цæст дардта йæхæдæг. Касти, лыстæг кусæнгæрзтæ куыд хуыздæр сæвæрдæуа, уымæ. Йæхæдаг равзæрста портреттæ дæр. Кабинетæй чысыл дæрддæр ахуырадон центр «Точка роста», зæгъгæ. Ам сывæллæттæн амонынц технологи, информатикæ æмæ ОБЖ.
Ахæм центр ма ис Æрыдоны 4-æм скъолайы. Ахуыр дзы кæнынц квадрокоптертæ æмæ роботтæй архайыныл, шахмæттæй хъазын æмæ фыццаг медицинон æххуыс бакæныныл. Æппæт ахуыртæ дæр цæуынц национ проект «Образование»-йы фæлгæты.
Ног ахуырадон азмæ скъолаты цæттæдзинад бæрæг кæнынц парти «Иугонд Уæрæсе»-йы депутаттæ иумæйагæй администраци æмæ ныййарджытимæ иумæ. Сбæрæг кодтой куыстыты хæрзхъæддзинад, хæрды фæтк, æмæ кусæнгæрзтæ. Фиппаинæгтæ нæ рабæрæг кодтой.
Цæттæгæнæн куыстытæ дарддæр æххæст кæнынц. 4 скъолайы æнхъæлмæ кæсынц партæтæм. Уæдæ 1-æм скъолайы дæр бацæттæгæнинагæй баззад иу кълас. Æмæ кæд фыццæгæм сентябрмæ бирæ рæстæг нал баззад, уæд дæр æппæт куыстытæ афойнадыл фæуынæй ныфс æвæрынц.
















