Пхалæгаты Светланæйы снысан кодтой Цæгат Ирыстоны мыхуыры æмæ дзыллон коммуникациты комитеты сæрдарæй. Сæрмагонд Указ бафыста республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло. Пхалæгаты Светланæ йæ профессионалон фæндаг райдыдта сывæллæтты сфæлдыстады республикон хæдзары сабиты телевизион студи «Пеликан»-ы редакторæй.
Уый фæстæ куыста телеканал «Классика»-йы информацион хайады шеф-редакторæй. 2006-æй 2018 азмæ разамынд лæвæрдта компани «Наше Радио»-йы хабæртты дзæуджыхъæуккаг службæйæн. Фæстæдæр æртæ азы бакуыста национ телекомпани «Осетия-Ирыстон»-ы фыццаг шеф-редакторы бынаты, уый фæстæ сси информацион хайады хицау. 2020-æй 2025-æм азмæ уыд Цæгат Ирыстоны регионæн разамынддæттæг центры редактор.
















