Цæгат Ирыстонмæ кусæг балцы ссыд Пушкины номыл нывкæнынады аивады паддзахадон музейы директор Ольга Галактионова. Хицауады сæрдар Дзанайты Барисимæ æрдзырдтой фидæны æмгуыстадыл. Кусæг фембæлды архайдта культурæйы министр Фидараты Сослан дæр. Премьер куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй музейы Цæгат Кавказы филиал Дзæуджыхъæуы кæй ис, уый республикæйы культурон цардыл хуыздæрырдæм ахады, расидынц æмæ архайынц бирæ æхсæнадон ахсджиаг мадзæлтты.
Дзанайты Барис бафтыдта, бæстæйы хуссары рагондæр театр, музей, чиныгдон, симфонион оркестр дæр Дзæуджыхъæуы кæй сты. Ирон зæххыл хъомыл курдиæттæ та суанг дунеон аивадмæ дæр кæй хæссынц се ‘вæрæн. Æмбырды архайджытæ баныхас кодтой дарддæры æмархайдæн аккаг уавæртæ аразыныл.
Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Пушкины номыл музейы филиалæн 2024-æм азы мартъийы, регионы разамынды бардзырдæй, радтой Цæголы-фырты уынгыл 31-æм бæстыхай.
















