Къæхты рыстæй ма цæссыгтæ дæр æркæлынц, фæлæ гæнæн нæй. Æвдæм уæладзыгмæ схизын хъæуы Бырнацты Тамарæйы. Лифт нæ кусы. Гæнæн уæвгæйæ æттæмæ никуы рацæуы сылгоймаг — йæ уæрджытæ риссынц.
Ахæм уавæр ис Пушкины номыл уынгыл 3-æм корпусы дæр. Цæрджытæ бафæлладысты. Афтæмæй ам та лифтытæ ног сты. Фæлæ уымæй нæ хистæртæн, нæ кæстæртæн фенцондæр. Æрæджы Хъæцлæуты Иринæ йæ цоты цотимæ лифтмæ бахызти. Куыддæр анкъуысти, афтæ баурæдта — ногæй та асаст.
Дыууæ хæдзары лифтытæ дæр баивтой бындурон цалцæджы программæмæ гæсгæ. Райдыдтой майы, фесты июлы. Цæрджытæ сæм тынг æнхъæлмæ кастысты, кæд зæронд лифт нырма куыста, уæддæр. Кæцæй йæ зыдтой, ног ахæм тагъд асæтдзæн, уый.
Адæмы асинтыл “дугъы уайын” нæ фæнды. Фæсидтысты алыхуызон инстанцитæм, сæ хыгъды Цæрæн-коммуналон хæдзарады министрад. Дауыраты Зæлинæ министримæ дæр фембæлд 25-æм августы. Зæрдæ йын бавæрдта фарста тагъд аиуварс кæнынæй.
Цæрджыты хъуыдымæ гæсгæ, лифты ногæй дæр брак уыд. Уæдæ йæм сæвæрыны фæстæ хъуамæ сæрмагонд къамис æркæса. Феной йын йæ техникон æууæлтæ. Фæлæ цæрджытæ никæй федтой.
Æнæ лифтытæй дыууæ фарастуæладзыгон хæдзары цæрджытæ сты 9 мæйы дæргъы. Фæлæ сæ уæддæр уырны сæ фарстамæ сын æргом кæй аздахдзысты, уый. Науæд сæ прокуратурæмæ бахъæудзæн фæсидын.
















