Цæгат Ирыстоны абитуриенттæ абон дæттынц иумæйаг паддзахадон экзамен. Сæ фылдæр сты раздæры азты рауагъдонтæ.
Рагагъоммæ экзаментæ раттыны рæстæг райдыдта цалдæр сахаты размæ. Æдæппæтæй фæлварæнтæ ацæудзысты 266 адæймаджы. Экзаментæ дæттдзысты 12 ахуырадон предметæй. Уый тыххæй раздæр бæрæггонд æрцыд дыууæ бынаты – информаци бакусыны республикон центр æмæ æппæтахуырадон скъола-интернат. Ифтонг сты згъæрагурæн сгарæнтæй. Уымæй уæлдай ма ацы аз ис ноджы æндæр ивддзинæдтæ дæр. Экзаменты æрмæджытæ рауадзынц кълæсты, абитуриентты раз.
Иумæйаг паддзахадон фæлварæнтæ рагагъоммæ раттыны рæстæг адаргъ уыдзæн 11 – æм апрелмæ.
















