Иннæ риссаг фарста – æхсæнадон транспорт йæ куыст куыд кæны, уый. Æмæ кæд ацы хабармæ цæстдарæн къамис йæ хъус дары, уæддæр йæхи фæнд чи тæры, шофыртæй ахæмтæ дæр разыны.
Михайловскы хъæуы маршруткæтæ , кæй куыд фæнды, афтæ сыффыт кæнынц Дзæуджыхъæумæ æмæ фæстæмæ. Бæлцæттæн та сæ ахуыры æмæ куысты бынæттæм афоныл са бон бахæццæ кæнын нæу. Ныр фарста алыг кæныныл кусын райдыдтой. Куыд, уый радзурдзæн не сфæлдыстадон къорд.
Михайловскойы хъæуы æхсæнадон транспорты фарста риссаг у. Цæрджытæн сæ зæрдæ баризы. Уæлдай тыхст скодтой, маршруткæмæ æнхъæлмæ кæсын кæй хъæуы, уый тыххæй. Цалынмæ бæлцæттæй байдзаг уа, уæдмæ йæ бынатæй дæр нæ фенкъуысдзæн. Уæдмæ чи рæджытæ кæнгæйæ фистæгæй араст вæйы, чи та йæ фæстаг капек такситйæн ратты.
Ныр та уыдзæн афтæ. 160-æм маршруткæ алы 6-7 минуты цæудзæн йæ фæндагыл фæткмæ гæсгæ. Шофыртæ ий сæ куст райдайдзысты райсомы 7 сахатыл. Промышленность æмæ транспорты министрады куыд зæгъынц, афтæмæй ма извдзинæдтæм æнхъæлмæ кæсын хъæуы. Цы ног маршруткæтæ дзы фæзынд, уыдонмæ лæмбынæг сæ цæст дардзысты. Афтæмæй бæрæг уыдзæн ног фæткæвæрдмæ гæсгæ куыд кусынц, уый.
Æхсæнадон транспорт куыд æмбæлы афтæ кæй нæ кусы, уымæй армæст Микайловскы цæрджытæ нæ хъизæмар кæнынц. Алы хъæуы дæр уыцы фарста лыггæнинаг у зъæгъæм, уæд уый дæр рæдыд нæ уыдзæн. Ныфс дæттынц профилон ведомствойы – сæ бон куыд уа, афтæ къæрцхъусдæр уыдзысты.
















