Рахизфарсы районы пъæлицæйы хайады кусджытæ Ног азы æмæ Цыппурсы фæдыл арфæ ракодтой се ’дзард сæфт æмкусджыты бинонтæн.
Сæрмагонд æмбырды архайдтой Рахизфарсы районы пъæлицæйы хайады хицау Тигран Абагов, Мидхъуыддæгты министрады ветеранты советы сæрдар Уазæгты Феликс æмæ хайады кусджытæ. Ныййарджытæн загътой бузныг, æцæг хъайтарты кæй схъомыл кодтой, уый тыххæй.
Уыдон сæ цард нæ бавгъау кодтой сæ фыдыбæстæйы раз сæ куысты хæс æххæст кæнгæйæ. Уазджыты ма сбуц кодтой зæрдылдарæн лæвæрттæй. Уый фæстæ фембæлды архайджытæ дидинджытæ сæвæрдтой, йæ куысты бынаты чи фæмард, уыдоны нолмыл мемориалыл.
















