Паддзахадон хатдзæгтæгæнæн фæлварæны архайынмæ курдиæттæ бадæттыны бар уыдис æрмæстдæр фыццæгæм февралмæ. Уый тыххæй нын фехъусын кодтой нæ республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министрады пресс-службæйæ.
Курдиæттæ балæвæрдтой 4 мин 267 адæймаджы. Æнæмæнг цы фæлварæнтæ дæттын хъæуы, уыдон сты математикæ æмæ уырыссаг æвзаг. Арæхдæр цы предметтæ æвзарынц, уый фаронимæ абаргæйæ нæ аивта. Се `хсæн – æхсæнад зонынад, профилон математикæ, истори, биологи æмæ хими. Сæ радтыны фæтк дæр уæлдай æндæрхуызон нæ фæци.
Республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министр Людмилæ Башаринæйы ныхæстæм гæсгæ, фæлварæнмæ цæттæгæнæн мадзæлттæ цæуынц бæлвырд уагæвæрдмæ гæсгæ. Чи байрæджы кæна, уыдоны курдиæттæ райсыны фæдыл уынаффæ хæсдзæн паддзахадон фæлтæрæнты къамис. Документтæ бадæттын хъæудзæн фæлварæны бонæй дыууæ къуырийы раздæр. 2-æм февралæй æвзæрст цæуынц, фæлварæнмæ чи кæсдзæн, уыцы æхсæнадон цæстдарджытæ дæр. Паддзахадон хатдзæгтæгæнæн фæлварæны фыццаг къæпхæн райдайдзæн 20-æм мартъийы æмæ ахæсдзæн 10-æм апрелмæ. Сæйраг къæпхæн та 27-æм майæ 1-æм июлмæ.
















